"Югосетпотребнадзор"-ы радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы сбӕрӕг кодтой 3 308 рынчыны коронавирусӕй, уыдонӕй 2 977 адӕймаджы сӕнӕниз сты

ЦХИНВАЛ, 28 апр — Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны рабӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон уагдоны сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл 49 тестӕй ӕртӕ равдыстой вирусы уӕвынад", - загъта сӕйраг санитарон дохтыр.

Коцты Марина бафтыдта, иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй кӕй систой фондз адӕймаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 2 977 онг. Дохтырты хъусдарды бын ма стационарон ӕмӕ амбулаторон хоскӕнынадыл сты 331 адӕймаджы.

Республикӕйы пандемийы рӕстӕджы ӕдӕппӕт сарӕзтой 21 900 тесты коронавирусон инфекци рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 308 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0