Цхинвалы мэрия цæттæ кæнын райдыдта столицæйы Куадзæнмæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Храм в честь Святого Георгия Победоносца
Храм в честь Святого Георгия Победоносца - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Рафыссын
Чырыстон адæмы сæйрагдæр бæрæгбонтæй иу - Куадзæн - ацы аз банысан кæндзысты хуыцаубоны, 2 майы

ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны Куадзæны размæ бавнæлдтой Згъудеры уæлмæрд æфснайынмæ. Мэрияйы пресс-секретарь Коцты Зæринæ куыд фехъусын кодта Sputnik, афтæмæй кусджытæ æрæвнæлдтой уæлмæрды алфæмблай æфснайынмæ цалдæр боны размæ.

Кедр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.04.2021
Хуссар Иры ныссадздзысты сыбыраг кедры ӕртӕ мин талайы

Хуссар Иры коммуналон кусджытæ æрвылаз дæр Куадзæны размæ бафснайынц сыгъдæг бынæттæ æмæ уæлмæрдтæ столицæйы алыварс. Раздæр азты-иу сын баххуыс кодтой студенттæ, æфсæддон службæгæнджытæ æмæ инициативон къордтæ.

"Згъудеры кусынц администрацийы техникæ иууылдæр æмæ хæрзарæзтады хайады дæс кусæджы. Бырон ласынц уæзласæн хæдтулгæтыл. Уым ис быронкалæн бактæ, æмæ хорз уаид, адæм сæ бырон уыййонг куы хæццæ кæниккой, уæд", - загъта Коцты Зæринæ.

Уый ма быфтыдта, зæгъгæ, хайады кусджытæ æрмæст быронæй нæ сыгъдæг кæнынц уæлмæрды территори, фæлæ ма лыг кæнынц хус къутæртæ æмæ бæлæстæ дæр.

Уымæй дарддæр ма столицæйы активонæй цæттæ кæнынц бæрæгбонтæм - Куадзæн, Фæллойады бон æмæ Уæлахизы бонмæ.

"Кусджыты аннæ къорд та архайынц горæты. Цхинвалы центры нæутыл кæрдынц кæрдæг, къахынц зæххы фадгуытæ, тагъд æрæвналдзысты дидинджытæ садзынмæ дæр. Горæт хъуамæ срæсугъд кæной бæрæгбонтæм", - банысан кодта пресс-секретарь.

Афтæ ма мэрияйы кусджытæ ралыг кæндзысты аварион бæлæстæ дæр æмæ сын сæ бынæтты ныссадздзысты ног талатæ. Коцты Зæринæйы ныхæстæм гæсгæ, æдæппæт ракалдзысты 20 онг бæласы, кæцытæ хæссынц тас цæрджытæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0