Хуссар Иры Фиддонты комитет йæ бæрны бакодта СФХ хъайтарты цыртытæй цалдæр

© Sputnik / Natalia Airiyan СФХ хъайтарты цырт
СФХ хъайтарты цырт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.04.2021
Рафыссын
Уагдоны кусджытæ равдыстой хъæппæрис Стыр Фыдыбæстон хæсты хъайтартæ Хъоцыты Константин æмæ Сабанты Георгийы цыртытæм сæ хъус дарыны тыххæй

ЦХИНВАЛ, 28 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Стыр Фыдыбæстон хæсты хъайтарты цыртытæй дыууæ йæ дæлбар райста Фиддонтæ æмæ хъалонты комитет. Нырæй фæстæмæ цыртытæ æмбæлон уагыл дарын уыдзæн уагдоны бæрны, фехъусын кодта Sputnik Культурæйы министрады разамонæг Зассеты Жанна.

Нартыхты Сосланы бюст - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.11.2020
Ног цырт пырхы бӕсты: Къуыдаргомы сӕвӕрдзысты ирон революционеры бюст

"Бузныг мæ фæнды зæгъын Фиддонты комитеты разамонæг Къацты Владимирæн, кæцы йæ коллективимæ равдыстой хъæппæрис Стыр Фыдыбæстон хæсты хъайтартæ Хъоцыты Константин æмæ Сабанты Георгийы цыртытæм сæ хъус дарыны фæдыл", - загъта Зассеты Жанна.

Уый ма бафтыдта, зæгъгæ, хорз уаид, аннæ уагдæттæ дæр куы бафæзмиккой ацы хæрзиуæгон дæнцæг. Министр бахатыд УУМ, Хъахъхъæнынады министрады сæргълæуджытæ æмæ æндæр коллегæтæм, цæмæй уыдон дæр стыр сгуыхтдзинадмæ бамбал уой æмæ сæ дæлбар бакæной цыртдзæвæнтæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0