Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Иры хайад райсдзысты акци "Уӕлахизы диктант"-ы

© Sputnik / Natalia Airiyan "Уӕлахизы диктант"
Уӕлахизы диктант - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2021
Рафыссын
Амӕйразмӕ хъусын кодтой, Хуссар Ирыстон радон хатт кӕй ӕрбаиу уыдзӕн масштабон акцимӕ, кӕцы ацӕудзӕн республикӕйы ӕртӕ фӕзуатыл

ЦХИНВАЛ, 29 апр – Sputnik. Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ Хуссар Ирыстон ӕрбаиу уыдзысты ӕхсӕнадӕмон акци "Уӕлахизы диктант"-мӕ, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

"Акцийы хайад райсдзысты 1,5 минӕй фылдӕр адӕймаджы, сӕ нымӕцы Хуссар ӕфсӕддон базӕйы ӕфсӕддонтӕ, сӕ бинонтӕ, уӕрӕсейаг базӕйы граждайнаг специалисттӕ, афтӕ ма Ӕппӕтуӕрӕсейон сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты ӕфсӕддон-патриотикон ӕхсӕнадон змӕлд "Юнармия"-йы хайадисджытӕ", - дзырдӕуы пресс-службӕйы хъусинаджы.

Акци ауадздзысты сӕрмагонд фӕзуаттыл ӕмӕ аудиториты, афтӕ ма полигон Дзарцъемы. Мадзалы сӕйраг нысан у бавӕрын историон мысӕн, хуыздӕр сахуыр кӕнын Стыр Фыдыбӕстон хӕсты истори.

"Уӕлахизы диктант"-ы хайад райсыны бар ис алкӕмӕндӕр, уый тыххӕй хъӕуы регистраци рацӕуын официалон сайт диктантпобеды.рф-ы.

Ног хабӕртты лентӕ
0