Хуссар Иры президенты ныстуан адӕм ӕмӕ парламентмӕ аргъӕвтой иу къуыримӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий
Бибылты Анатолий - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Рафыссын
Уый размӕ нывӕндысты, Бибылты Анатолийы ныстуан адӕм ӕмӕ парламентмӕ кӕй ацӕудзӕн къуырисӕры, 17 майы

ЦХИНВАЛ, 14 май - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолийы ныстуан республикӕйы адӕм ӕмӕ парламентмӕ ацӕудзӕн иу къуыри фӕстӕдӕр, фехъусын кодта майрӕмбоны паддзахады сӕргълӕууӕджы пресс-секретарь Гасситы Дина.

"Ныстуан ацӕудзӕн Парламенты рабадтыты залы 24 майы. Бибылты Анатолий сбӕрӕг кӕндзӕн Республикӕ Хуссар Ирыстоны ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон политикӕйы здӕхтытӕ, ӕрӕвӕрдзӕн хӕслӕвӕрдтӕ социалон-экономикон райрӕзты фӕдыл фидӕн азмӕ", - банысан кодта пресс-секретарь.

Уый размӕ нывӕндысты, Бибылты Анатолийы ныстуан адӕм ӕмӕ парламентмӕ кӕй ацӕудзӕн къуырисӕры, 17 майы.

Ивгъуыд хатт президент арвыста ныстуан адӕм ӕмӕ парламентмӕ 2020 азы марты. Уый уыд паддзахады сӕргълӕууӕджы фыццаг ныстуан, кӕцыйы уый сбӕрӕг кодта ӕддагон ӕмӕ мидӕггагон политикӕйы сӕйраг здӕхтытӕ, афтӕ ма радта фӕдзӕхсттӕ уагдӕтты разамонджытӕн.

© SputnikБибилов поручает
Хуссар Иры президенты ныстуан адӕм ӕмӕ парламентмӕ аргъӕвтой иу къуыримӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.05.2021
Бибилов поручает
Ног хабӕртты лентӕ
0