Цхинвалы тыхдымгӕ афӕлдӕхта бӕлас, йӕ къалиуы бын фӕцис сылгоймаг

© Sputnik / Natalia Airiyan Цхинвалы тыхдымгӕ афӕлдӕхта бӕлас
Цхинвалы тыхдымгӕ афӕлдӕхта бӕлас - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Рафыссын
Ӕрдзон бӕллӕх бахъыгдардта Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл дӕсӕм хӕдзары раз бӕлӕстӕ

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы тыхдымгӕйы фӕстиуӕгӕн афӕлдӕхт бӕлас, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады пресс-службӕйы.
Цхинвалы фӕссихор сыстад тыхдымгӕ, ӕгас горӕт фӕцис рыджы бын.

"Мамсыраты Хадзы-Умары уынгыл дӕсӕм хӕдзары раз тыхдымгӕ афӕлдӕхта бӕлас. Йӕ къалиуы бын фӕцис сылгоймаг, уый фӕхӕццӕ кодтой рынчындонмӕ", - загъта уагдоны пресс-секретарь.

Министрады бафтыдтой, ноджы ма иу бӕласӕн та кӕй у тас  рафӕлдӕхынӕй.

"Бынаты кусынц Уӕлвӕткон уавӕрты министрады службӕтӕ", - банысан кодтой уым.


Ног хабӕртты лентӕ
0