Ӕрхонгӕ режиссер Цхинвалы бавдисдзӕн комеди "Дон Жуан"

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр
Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.05.2021
Рафыссын
Спектакль "Дон Жуан"-ы фыццаг хатт паддзахадон драмон театры сценӕйыл сӕ архӕстдзинад равдисдзысты ХИПУ театралон факультеты студенттӕ

ЦХИНВАЛ, 17 май — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театр сцӕттӕ кодта спектакль "Дон Жуан" рауадзынмӕ. Дыгуры театры сӕйраг режиссер Джелиты Хъазыбеджы бакастӕй комеди уыдзӕн драмӕйы ӕууӕлтимӕ, фехъусын кодтой Sputnik ПДТ пресс-службӕйы.

Уагдоны банысан кодтой, къорд кӕй архайы, цӕмӕй къуырийы кӕрон спектакль бавдисой аивадон советӕн.

"Ӕвзонг курдиатджын режиссер Джелиты Хъазыбегӕн ис ӕндӕрхуызон бакаст Мольеры комедимӕ, уый у психологон драмӕ, алкӕцы  адӕймаг дӕр арф ахъуыды кӕндзӕн ӕмӕ фӕхуддзӕн йӕхи ӕппӕрццаг миниуджытыл. Репетицитӕ цӕуынц бон дыууӕ хатты", - загътой пресс-службӕйы.

Уым ма бафтыдтой, спектакль "Дон Жуан"-ӕн кӕй бацӕттӕ кодтой диссаджы дарӕс ӕмӕ декорацитӕ.

Пресс-конференци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.04.2021
Ныссастам стереотиптæ: Хуссар Иры театры директор Мæскуыйы фыццаг гастрольты тыххæй

"Тынг ӕхсызгон нын у ацы премьерӕйы тыххӕй фехъусын кӕнын. Сӕйраг фӕлгонц ӕххӕст кӕны Мамиты Григорий, уый ралӕууыд Дон Жуанӕй, йе 'ххуырсты фӕлгонц та ӕххӕст кӕны Гаглойты Эдуард. Спектаклы ма архайынц адӕмон артист Тъехты Уасил, сгуыхт артисттӕ Уанеты Эдуард, Гаглойты Артур, Хуыгаты Альбина, Натия Чохели ӕмӕ Хаситы Сослан", - бафтыдта уый.

Ацы спектаклы ма фыццаг хатт паддзахадон драмон театры сценӕйыл сӕ архӕстдзинад равдисдзысты ХИПУ театралон факультеты студенттӕ.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0