Хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕг хайад райсдзӕн шоу "Голос"-ы ног сезоны

© Sputnik / leila_margievaМӕргъиты Лейла
Мӕргъиты Лейла - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.05.2021
Рафыссын
Алыгъуызон музыкалон конкурстӕ ӕмӕ фестивальты призер Мӕргъиты Лейлайы куырдиат хорзыл банымадтой популярон шоуы организатортӕ

ЦХИНВАЛ, 18 май — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ӕвзонг зарӕггӕнӕг Хуссар Ирыстонӕй Мӕргъиты Лейла хайад райсдзӕн телепроект "Голос"-ы Фыццаг каналыл.

Зарӕггӕнӕг куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй проекты фыццаг этап ацӕудзӕн сентябры.

"Раст зӕгъгӕйӕ, телепроекты хайад райсыны хъуыды мӕм фӕзынд рагӕй, фӕлӕ мын рӕстӕг нӕ уыд ахуыр ӕмӕ проектты тыххӕй", - загъта Мӕргъиты Лейла.

Шоуы хайад райсыны хъуыды хорзыл банымадта йӕ фыды ӕфсымӕр – ирон меценат Мӕргъиты Анатолий.

"Уый байхъуыста мӕ зарджытӕм, уый фӕстӕ сӕ равдыста хорз ахуыргӕнджытӕ ӕмӕ продюсертӕн, кӕцытӕ загътой, кӕй мын ис шанстӕ. Уый фӕстӕ райдыдтой репетицитӕ мӕ ахуыргӕнӕг Елена Скалдинаимӕ. Ӕз ныффыстон ӕмӕ арвыстон куырдиатимӕ дыууӕ зарӕджы, уыдонӕй иу Полина Гагаринайы зарӕг "Миллион голосов", аннӕ та "Con Te Partiro". Фӕстӕдӕр мӕ куырдиатӕн ӕрбацыд ӕвӕрццаг дзуапп", - бахахх кодта зарӕггӕнӕг.

Мӕргъиты Лейла ма бафтыдта, зӕгъгӕ, хайад райсдзӕн музыкӕйы ӕхсӕнадӕмон чемпионаты, кӕцы ацӕудзӕн июны Сочийы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0