Хуссар Иры Генпрокуратурӕйы сӕргъ слӕууыд Багаты Магомед

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры Генпрокуратурӕ
Хуссар Иры Генпрокуратурӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.05.2021
Рафыссын
Уагдоны раздӕры сӕргълӕууӕджы отставкӕйы фӕстӕ Багаты Магомед апрелӕй фӕстӕмӕ уыд Хуссар Ирыстоны генералон прокуроры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг

ЦХИНВАЛ, 19 май – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент хорзыл банымадта Багаты Магомеды кандидатурӕ республикӕйы генералон прокуроры бынатмӕ. Уый раивта ацы бынаты Дзӕгъиаты Уырызмӕджы, кӕцыйы куысты ӕмгъуыд фӕцис ацы аз апрелы.

Зӕронд хид - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.04.2021
Хуссар Иры депутаттӕ ӕрдзырдтой Зӕронд хиды фарстыл

Парламент 13 апрелы сфидар кодта президенты куырдиат Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отставкӕйы фӕдыл, фӕлӕ не сразы Виталий Савченкойы кандидатурӕйыл уагдоны сӕргълӕууӕджы бынатмӕ. Президент Бибылты Анатолий 11 майы барвыста парламентмӕ дыккаг куырдиат генералон прокуроры кандидатурӕйы фӕдыл. Паддзахады сӕргълӕууӕг ацы бынатмӕ банхъардта Багаты Магомеды, кӕцы 2018 азӕй фӕстӕмӕ уыд уагдоны сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг. Дзӕгъиаты Уырызмӕджы отставкӕйы фӕстӕ уый рӕстӕгмӕ ӕххӕст кодта генпрокуроры хӕстӕ.

Законад ӕмӕ бынӕттон хӕдразамынады парламентон комитеты сӕрдар Габатты Алан базонгӕ кодта йӕ коллегӕты кандидаты биографиимӕ. Депутаттӕ ӕмхъӕлӕсӕй сразы сты Багаты Магомеды кандидатурӕйыл.

Багаты Магомед загъта бузныг депутаттӕн ӕууӕнчы тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, кӕй уыдзӕн "карз ӕмӕ раст генералон прокурор".

Цыбыр биографион справкӕ

Багаты Магомед райгуырд 1978 азы Дзауы районы. 2001 азы фӕцис Хуссар Ирыстоны экономикӕ ӕмӕ барады институты "Юриспруденция"-йы дӕсниад.

2003-2006 – стажер, Республикӕ Хуссар Ирыстоны Прокуратурӕйы фӕдагуырды хайады хистӕр фӕдагурӕг.

2006-2014 – коррупцион здӕхты фыдракӕндты фӕдагуырды фӕдыл хайады хистӕр.

2018-2018 – Хуссар Ирыстоны Генералон прокуратурӕйы законтӕ ӕмӕ барадон акттӕ ӕххӕст кӕнынмӕ хъусдарды фӕдыл хайады хистӕры хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг.

2018 – ныры рӕстӕг – Хуссар Ирыстоны Генпрокуроры хӕдивӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0