Хуссар Иры фӕфылдӕргонд мызд райсдзысты июны – Бибылты Анатолий

© SputnikХуссар Иры фӕфылдӕргонд мызд райсдзысты июны
Хуссар Иры фӕфылдӕргонд мызд райсдзысты июны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.05.2021
Рафыссын
Бюджетон кусджытӕ ӕмӕ паддзахадон граждайнаг службӕгӕнджытӕ райсдзысты фӕфылдӕргонд мыздтӕ азы райдайӕнӕй фӕлхыгъдимӕ, банысан кодта президент республикӕйы адӕм ӕмӕ парлдаментмӕ ныстуаны рӕстӕджы

ЦХИНВАЛ, 24 май - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент фехъусын кодта, ӕввахс рӕстӕджы республикӕ Уӕрӕсейы ӕххуысы руаджы кӕй нывӕнды фӕфылдӕр кӕнын бюджетон фадыджы кусджытӕн сӕ мыздтӕ Цӕгат Кавказы федералон зылды кусджыты ӕмвӕзадмӕ.

Хуссар Иры президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бадзырд Уӕрӕсеимӕ мыздты фӕфылдӕры фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.02.2021
Хуссар Иры президент бахӕс кодта бацӕттӕ кӕнын бадзырд Уӕрӕсеимӕ мыздты фӕфылдӕры фӕдыл

Президент фехъусын кодта, абон хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий кӕй цӕуы Мӕскуымӕ ӕмбӕлон бадзырд бафыссынмӕ.

"Зӕрдыл мӕ фӕнды ӕрбалӕууын кӕнын, ныртӕккӕ бюджетон фадыджы кусджыты мызд кӕй у ЦКФЗ 2017 азы ӕмвӕзады бӕрц", - банысан кодта президент.

Афтӕ ма паддзахады сӕргъӕууӕг бахӕс кодта хицауады сӕрдарӕн мӕйы кӕронмӕ бафыссын бадзырд паддзахадон граждайнаг службӕгӕнджыты мыздты фӕдыл ӕмӕ бафидын фӕфылдӕргонд мыздтӕ 2021 азы январы фӕлхыгъдимӕ.

Бибылты Анатолий бафтыдта, зӕгъгӕ, 2021 азы январӕй фӕстӕмӕ фӕлхыгъд кӕй хауы бюджетон фадыджы кусджытӕм дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0