Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры "сызгъӕрин" ӕмӕ "ӕвзист"

© Sputnik / Саулохты ГеоргийХуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры "ӕвзист" ӕмӕ "сызгъӕрин"
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2021
Рафыссын
Ерысты ӕнтыстджын разындысты республикӕйы архайгӕ чемпион Сиукъаты Алан ӕмӕ скъоладзау Бибылты Алан

ЦХИНВАЛ, 25 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны архайгӕ чемпион Сиукъаты Алан бацахста дыккаг бынат Дзӕуджыхъӕуы чемпионаты классикон шахматтӕй. 14 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн та фыццаг ссис аннӕ цхинвайлаг минӕвар Бибылты Алан, фехъусын кодта Sputnik шахматты Федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.

"Иумӕйаг хыгъды ӕнтыстджын уыд Сиукъаты Алан, уый у Хуссар Ирыстоны турнирты ӕдзухон лидер, республикӕйы архайгӕ чемпион. Ныр та ссис Дзӕуджыхъӕуы ӕвзист призер. Хицӕн кары къорды ерыс кодтой 14 азы кары онг фӕсивӕд, ам та рамбылдта нӕ аннӕ минӕвар Бибылты Алан",- загъта Саулохты Георгий.

© Sputnik / Саулохты ГеоргийХуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры "ӕвзист" ӕмӕ "сызгъӕрин"
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2021
Хуссар Иры шахматисттӕ рамбылдтой Дзӕуджыхъӕуы турниры "ӕвзист" ӕмӕ "сызгъӕрин"

Хуссар Ирыстоны шахматты Федерацийы бындур ӕвӕрд ӕрцыд 2016 азы. Уӕдӕй нырмӕ спорты ацы хуыз зынгӕ райтынг - фӕзынд шахматты секцитӕ, фӕсивӕд сӕ хъусдард аздӕхтой ацы хъазтмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0