Цхинвалы цӕрӕджы азымджын кӕнынц милицийы кусӕджы фӕнӕмыны – Генпрокуратурӕ

© Пресс-служба МВД РЮОЦхинвалы цӕрӕджы азымджын кӕнынц милицийы кусӕджы фӕнӕмыны
Цхинвалы цӕрӕджы азымджын кӕнынц милицийы кусӕджы фӕнӕмыны - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.05.2021
Рафыссын
Фыдракӕнды азымджын скъӕрдта нозтджынӕй "Мерседес" хӕдтулгӕйыл Хуссар Ирыстоны МХМ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ йӕ куы ӕрурӕдтой, уӕд

ЦХИНВАЛ, 25 май - Sputnik. Цхинвалы цӕрӕджы ныхмӕ бакодтой уголовон хъуыддаг ПАИ кусӕджы фӕнӕмыны тыххӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Гепрокуратурӕйы пресс-службӕ.

Цау ӕрцыд 16 майы стационарон постыл, кӕцы ис Знауыры районмӕ бацӕуӕны.

"Республикӕ Хуссар Ирыстоны МХМ Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ ӕрурӕдтой "Mercedes" хӕдтулгӕ, кӕцыйыл ориентировкӕ сӕм бадӕтта оперативон радгӕсон. Инспектор хӕдтулгӕйы шофырмӕ куы бацыд документтӕ басгарынмӕ, уӕд пассажир рахызт хӕдтулгӕйӕ ӕмӕ ацыд стационарон посты рдӕм, цы ран ныццавта ПАИ кусӕджы", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Медицинон басгӕрсты бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, шофыр ӕмӕ пассажир дӕр уыдысты нозтджын. Афтӕ ма, пассажирӕн сбӕрӕг кодтой, кӕй пайда кодта наркотикон буарад "гӕн"-ӕй, бафтыдтой уагдоны.

Фыдракӕнды азымджыны бакодтой ахӕсты дыууӕ мӕймӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0