Хуссар Иры скъолаты рауагъдонтӕй майданмӕ претендентты нымӕц схызт иуӕндӕсмӕ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры майданмӕ претендентты нымӕц схызт иуӕндӕсмӕ
Хуссар Иры майданмӕ претендентты нымӕц схызт иуӕндӕсмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Рафыссын
Майданмӕ претенденттӕ сты гимназитӕ "Альбион" ӕмӕ "Рухс", Аивӕдты лицейы ӕмӕ фӕндзӕм скъолайы рауагъдонтӕ

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны 2021 азы рауагъдонтӕй майданмӕ претенденты нымӕц у 11, уыдонмӕ разӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц фӕлварӕнтӕ, фехъусын кодта Sputnik министрады скъолайы агъоммӕ, иумӕйаг ӕмӕ уӕлӕмхас ахуырады хайады хистӕр Джиоты Нина.

"Ацы аз Хуссар Ирыстоны министрады сӕрмагонд фӕлварӕнтӕ математикӕ ӕмӕ уырыссаг ӕвзагӕй сӕххӕст кодтой 11 рауагъдоны, уыдон сты майданмӕ претенденттӕ. Майданы хицӕуттӕ сӕ нӕ бон нырма схонын нӕу, цалынмӕ рацӕуой рауагъдон фӕлварӕнтӕ", - загъта Джиоты Нина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, майданмӕ претенденттӕ сты гимназитӕ "Альбион" ӕмӕ "Рухс", Аивӕдты лицейы ӕмӕ фӕндзӕм скъолайы иуӕндӕсӕм кълӕсты ахуырдзаутӕ.

Ивгъуыд аз Хуссар Ирыстоны майдантӕ райстой цыппар рауагъдоны.

Ног хабӕртты лентӕ
0