Мӕскуыйы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Facebook / Зара ВалиеваМӕскуыйы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Мӕскуыйы ссардтой Беслӕны теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Рафыссын
Беслӕны теракты амӕттӕгты цыртмӕ дидинтӕ сӕвӕрӕны церемони ацыд Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бонмӕ - ацы бӕллӕхы амард 186 сывӕллоны

ЦХИНВАЛ, 1 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны минӕварад Уӕрӕсейы ссардта Беслӕны фыццӕгӕм скъолайы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ, дидинтӕ сӕвӕрдтой Мӕскуыйы Алайнаг Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы аргъуаны уӕвӕг цыртмӕ, хъусын кӕны минӕварады пресс-службӕ.

Ӕвзонг техникты станц  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.06.2021
Цхинвалы ӕвзонг техникты станц ауадздзӕн мастер-класстӕ Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны бон

Мысӕн мадзӕлттӕ цӕуынц Сывӕллӕтты хъахъхъӕны бонмӕ, кӕцы ӕрвылаз нысан цӕуы 1 июны.

"Беслӕны  фыццӕгӕм скъолайы теракты амӕттӕгты цыртмӕ дидинтӕ сӕвӕрдтой Уӕрӕсейы президенты цур Цӕгат Ирыстоны ӕдзух минӕвӕрады кусджытӕ, ирон ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ, Мӕскуыйы ирон ӕхсӕнад ӕмӕ Уӕрӕсейӕ столицӕйы цӕрджытӕ", - дзырдӕуы хъусинаджы.

2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой амынӕты 1128 адӕймаджы. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0