Ӕндӕр дунеӕмбарынад: Цхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсейы боны цытӕн

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсы боны цытӕн
Цхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсы боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Рафыссын
Равдыст бабӕрӕг кодта президент Бибылты Анатолий, уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметов ӕмӕ Россотрудничествойы сӕргълӕууӕг Сергей Скворцов

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Цхинвалы киноконцертон зал "Чермен"-ы фойейы ацыд равдыст, кӕцы уыд нывонд Уӕрӕсейы бонӕн. Кӕсджытӕн фадат уыд фенын ӕвзонг нывгӕнджытӕ Саулохты Георгий, Дзигойты Карина, Кокойты Мария ӕмӕ Дзыгъуызты Марияйы куыстытӕ.

Равдыст бабӕрӕг кодта президент Бибылты Анатолий.

"Уӕ нывты сымах ӕвдисут уӕ мидӕггагон дуне, ӕмӕ куыд уынӕм, афтӕ уый у тынг аив", - хъусын кӕны президенты ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.
© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсы боны цытӕн
Ӕндӕр дунеӕмбарынад: Цхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсейы боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Цхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсы боны цытӕн

Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта ӕрӕмбырдуӕвджытӕн ӕрбалӕугӕ бӕрӕгбоны цытӕн ӕмӕ банысан кодта, Уӕрӕсейы бонӕн Хуссар Ирыстоны бӕрӕгбонты къӕлиндары кӕй ис ахсджиаг бынат.

"Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн бастдзинад алыхатт дӕр уыд тынг ӕнгом. Уӕрӕсеимӕ нӕ бӕтты истори ӕмӕ ӕвзонг нывгӕнджыты куыстыты руаджы мах ноджы иу хатт федтам ацы бастдзинад", - банысан кодта Бибылты Анатолий.

Уӕрӕсейаг минӕвар Марат Кулахметовы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хуссарирыстойнаг нывгӕнджытӕн бантыст равдисын ӕндӕр дунеӕмбарынад.

"Уый дзуры ууыл, ӕмӕ махӕн ис бирӕ иудзинад. Тынг ӕхсызгон мын у, Хуссар Ирыстоны кӕй ис аккаг нывгӕнджытӕ",- загъта минӕвар.

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсы боны цытӕн
Ӕндӕр дунеӕмбарынад: Цхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсейы боны цытӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Цхинвалы ацыд равдыст Уӕрӕсы боны цытӕн

Нывгӕнджыты куыстытӕн саргъ кодта Сергей Скворцов дӕр.

"Кӕд бӕстӕйы ис культурӕ, уӕд удӕгас у. Мах абон федтам ирон культурӕйы чысыл хай ӕмӕ фидарӕй нӕ бон у зӕгъын, Хуссар Ирыстон кӕй цӕры, райзмӕ цӕуы ӕмӕ дидин калы", - бахахх кодта уый.

Равдыст бацӕттӕ кодтой Культурӕйы министрад ӕмӕ Россотрудничествойы минӕварад.

Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы бон, кӕцы ӕрвылаз нысан кӕнынц 12 июны, бахастой паддзахадон бӕрӕгбонты нымӕцмӕ ӕмӕ у улӕфт бон.

Ног хабӕртты лентӕ
0