Цхинвалы базармӕ рацыд бынӕттон сӕгъы ӕхсыр

© Из архива Олега БибиловаБибылты Олегы хӕдзарад
Бибылты Олегы хӕдзарад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Рафыссын
Бынӕттон сӕгъы ӕхсырӕй хос кӕнынц аллергийӕн, ис ын бирӕ пайдаджын ӕууӕлтӕ, иттӕг хорз у ӕнахъом сабитӕн

ЦХИНВАЛ, 9 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уӕй кӕнын райдыдтой бынӕттон сӕгъы ӕхсыр. Ӕхсыр хорз у ӕнахъом сабитӕн ӕмӕ иуварс кӕны аллерги.

Бибылты Олег йӕ фермерон хӕдзарад бакодта йӕ райгуырӕн хъӕу Тъыбеты ивгъуыд аз. Уый ӕрласта сӕгъты ног мыггаг, кӕцы дӕтты бирӕ ӕхсыр. Хӕдзарад йӕ къахыл куыд лӕууы, афтӕ ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг гӕххӕттытӕ дӕр цӕттӕ цӕуынц.

"Раздӕр нӕ быдыртӕ уыдысты фосӕй йедзаг, ныр та скӕрдӕг ӕмӕ схъӕд сты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ аскъуыддзаг кодтон скӕнын сӕгътӕ. Буденовскӕй ӕрластон Зааненаг мыггаг (швейцариаг). Ацы урс-урсид сӕгътӕ дӕттынц бирӕ ӕхсыр", - загъта фермер.

Рагзаманты ӕнахъом сабитӕн дӕттой сӕгъы ӕхсыр, уый сабийӕн нымайынц тынг ӕнцонтайӕн ӕмӕ пайдаджыныл - уый уыд амалиуӕггӕнӕджы дыккаг аргумент фос скӕнынӕн.

© Из архива Олега БибиловаБибылты Олегы хӕдзарад
Цхинвалы базармӕ рацыд бынӕттон сӕгъы ӕхсыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Бибылты Олегы хӕдзарад

"Мӕ сӕгътӕ хизынц сӕрибарӕй быдыры, фылдӕр бӕлӕсты къалиутӕ хӕрынц, уымӕ гӕсгӕ зӕгъӕн ис дӕттынц экологион сыгъдӕг продукт. Нӕ республикӕйы стӕмтӕ дардтой сӕгътӕ ӕмӕ уый тыххӕй скодтон ацы фос. Ӕлхӕнынц ӕй фылдӕр ӕнахъом сабитӕн", - бафтыдта уый.

Бибылты Оледжы хӕдзарады нырма ис сӕгъты ӕвзонг фӕлтӕр ӕмӕ уый бӕрц бирӕ ӕхсыр нӕ дӕттынц.

"Нырма сты ӕрыгон ӕмӕ литрӕй чысыл фылдӕр дӕттынц, фӕлӕ фӕстӕдӕр фӕхуыздӕр хъуамӕ уой сӕ бӕрӕггӕнӕнтӕ", - дзуры Олег.

© Из архива Олега БибиловаБибылты Олегы хӕдзарад
Цхинвалы базармӕ рацыд бынӕттон сӕгъы ӕхсыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Бибылты Олегы хӕдзарад

Сӕгъы ӕхсыр Бибылты Олег ныр дӕр хӕццӕ кӕны бынӕттон дуканитӕм. Пайдаджын ӕхсырӕй бирӕтӕ фидар кӕнынц се 'нӕниздзинад.

"Мӕ хӕстӕгӕн ацы рӕстӕг йӕ аллерги стынг вӕййы. Сӕгъы ӕхсыр цы рӕстӕг нуазы, уыцы рӕстӕг ферох кодта йӕ проблемӕ. Иу сылгоймаг та мӕм цӕуы ӕндӕр хъӕуӕй, уыдонӕн та сӕ сывӕллон уыд лӕмӕгъ, уый дӕр схъӕддых ис", - балхынцъ кодта уый.

Оледжы хӕдзарады ис дӕсӕй фылдӕр дуцгӕ сӕгъы, цадӕггай рӕзынц сӕныччытӕ дӕр. Фидӕны йӕ фӕнды ноджы рауӕрӕх кӕнын йӕ амалиуӕгад.

© Из архива Олега БибиловаБибылты Олегы амалиуӕгад
Цхинвалы базармӕ рацыд бынӕттон сӕгъы ӕхсыр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.06.2021
Бибылты Олегы амалиуӕгад
Ног хабӕртты лентӕ
0