Хуссар Иры столицӕйы ӕхсӕдынц бӕлӕстӕ, кӕцытӕ ӕхгӕнынц фӕндагон бӕрӕггӕнӕнтӕ

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.06.2021
Рафыссын
Куыстытӕ сӕххӕст кодтой Цхинвалы Сталины, Харебаты Исахъы, Путины ӕмӕ Хъайтарты уынгтыл ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл

ЦХИНВАЛ, 10 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтыл уӕвӕг фӕндагон бӕрӕггӕнты цур Паддзахадон автоинспекцийы рекомендацимӕ гӕсгӕ ӕхсӕдынц бӕлӕсты къалиутӕ, фехъусын кодта Sputnik агитаци ӕмӕ пропагандӕйы хистӕр инспектор Уалыты Альма.

Куыстытӕ сӕххӕст кодтой Цхинвалы Сталины, Харебаты Исахъы, Путины ӕмӕ Хъайтарты уынгтыл ӕмӕ Джиоты Аланы проспектыл.

"Горӕты ис 800 фӕндагон бӕрӕггӕнӕны ӕмӕ 21 светофоры. Горӕты бӕлӕстӕ куы ссыфтӕр вӕййынц, уӕд дзы кӕцыдӕртӕ нал фӕзынынц. Уый хынцгӕйӕ, горӕты администраци паддзахадон автоинспекцийы фӕндагон змӕлды цӕстдарды хайады инспектортимӕ иумӕ лыг кӕнынц къалиутӕ", - загъта уый. 

Уалыты Альма ма бафтыдта, горӕты территорийыл нӕ фаг кӕны 200 фӕндагон бӕрӕггӕнӕны бӕрц ӕмӕ сӕ ӕввахс рӕстӕджы баххӕст кӕндзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0