Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй фыццаг сарӕзта вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ

© Фото: Зарина ХубаеваХуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй фыццаг сарӕзта вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ
Хуссар Иры Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй фыццаг сарӕзта вакцинӕ коронавирусы ныхмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министры ӕххуысгӕнӕг, булкъон Багаты Мараты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый йӕхӕдӕг ӕвисӕн уыд ивгъуыд аз фӕззӕджы республикӕ цы уӕззау уавӕры бахауд ацы низы аххосӕй

ЦХИНВАЛ, 11 июн – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады кусджытӕй фыццаг сарӕзта коронавирусы ныхмӕ прививкӕ "Спутник V" республикон бирӕпрофилон медицинон центры.

Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министры ӕххуысгӕнӕг, булкъон Багаты Мараты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уый йӕхӕдӕг ӕвисӕн уыд ивгъуыд аз фӕззӕджы республикӕ цы уӕззау уавӕры бахауд ацы низы аххосӕй.

"Мӕхи цӕстӕй федтон ӕппӕт дӕр. Рынчындоны медиктӕ куыд нал ӕххӕссыдысты рынчынтыл, кӕцытӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой. Куыд хордта низ фидар адӕмы. Мӕхи ӕмӕ фылдӕр та ме 'ввахс адӕмы бахизынӕн сарӕзтон вакцинӕ",- загъта Багаты Марат.

Булкъон ма бафтыдта, ныфс ӕй кӕй ис йӕ архӕйдтытӕ аннӕтӕн дӕр дӕнцӕг кӕй суыдзысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0