МХМ курсанттӕ Хуссар Ирӕй хайад райстой Новгородыл 800 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты

© Photo : Зарина КулумбеговаМХМ курсанттӕ Хуссар Ирӕй хайад райстой Новгородыл 800 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты
МХМ курсанттӕ Хуссар Ирӕй хайад райстой Новгородыл 800 азы сӕххӕсты цытӕн мадзӕлтты - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.06.2021
Рафыссын
Ӕрвылазон бал, кӕцы нывонд уыд Нижний Новгороды бындурӕвӕрдыл 800 азы сӕххӕстӕн, уагъд цыд Рукавишниковты бӕстыхайы

ЦХИНВАЛ, 15 июн – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Нижний Новгороды Мидхъуыддӕгты министрады академийы курсанттӕ Хуссар Ирыстонӕй хайад райстой горӕтыл 800 азы сӕххӕсты цытӕн бӕрӕгбонон мадзӕлтты, фехъусын кодта Sputnik курсант Хъуылымбегты Зӕринӕ.

Волгагӕрон федералон зылды столицӕйы МХМ хаххыл Хуссар Ирыстонӕй ахуыр кӕнынц ӕртӕ курсанты – Хъуылымбегты Зӕринӕ, Битеты Виктория ӕмӕ Хъуылымбегты Александр.

"Ӕрвылазон бал нывонд уыд Горӕты бонӕн. Мадзал ӕфысым кодта Рукавишниковты бӕстыхай, кӕцы ныр у хӕдзар-музей. Бал уагъд цыд куыд рагон заманы – адӕм уыдысты бӕрӕгбонон дарӕсы", - радзырдта Хъуылымбегты Зӕринӕ.

2021 азы Нижний Новгородыл сӕххӕст 800 азы. Горӕты бындурӕвӕрды дырыс датӕ бӕрӕг нӕу, уый фӕдыл юбилей нысан кӕнынц ӕнӕхъӕн аз.

Ног хабӕртты лентӕ
0