Хуссар Иры сцӕттӕ кӕндзысты ирон бӕгӕны рагон рецептмӕ гӕсгӕ

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры сцӕттӕ кӕндзысты ирон бӕгӕны рагон ирон рецептмӕ гӕсгӕ
Хуссар Иры сцӕттӕ кӕндзысты ирон бӕгӕны рагон ирон рецептмӕ гӕсгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ма Сӕридтаты ком у иунӕг бынат, цы ран ӕхсидынц ирон бӕгӕны рагон рецептмӕ гӕсгӕ. Бӕгӕны цӕттӕ кӕнын райдайынц иу къуыри раздӕр, ӕдзӕрӕг коммӕ ӕрӕмбырд вӕййынц Багаты мыггаджы минӕвӕрттӕ

ЦХИНВАЛ, 16 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Сӕридтаты хъӕуы сфыцдзысты ирон бӕгӕны. Ритуалон нозт сцӕттӕ кӕнынц Дауджыты бӕрӕгбонмӕ, фехъусын кодта Sputnik йӕ аразджытӕй иу Багаты Марат.

Хуссар Ирыстоны ма Сӕридтаты ком у иунӕг бынат, цы ран ӕхсидынц ирон бӕгӕны рагон рецептмӕ гӕсгӕ. Бӕгӕны цӕттӕ кӕнын райдайынц иу къуыри раздӕр, ӕдзӕрӕг коммӕ ӕрӕмбырд вӕййынц Багаты мыггаджы минӕвӕрттӕ.

"Бӕгӕны фыцдзысты дыууӕ боны дӕргъы 20 ӕмӕ 21 июны. Ритуалон нозт цӕттӕ цӕуы Дауджыты бӕрӕгбонмӕ. Бӕгӕны цӕттӕ цӕуы иу къуыри. Стӕй дзы фыццаг скувы дзуары лӕг Рагъы кувӕндоны", - радзырдта Багаты Марат.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы аз Дауджытӕ нысан цӕуынц 27 июны.

Ирыстоны æппæт къуымты бæгæны цæттæ кæнынц алы ран дæр, фæлæ дзы алкæцы комæн дæр, æгæрыстæмæй, алкæцы æфсинæн дæр ис йæхи рецепт. Бæгæнымæ райдыдтой æфтауын сæкæр, дзул, алыгъуызон дыргътæ æмæ ахорæнтæ. Æрмæст ма Сӕридтаты комы 2014 азæй фæстæмæ сног кодтой Дауджыты бонмæ ирон бæгæны рагон æгъдаумæ гæсгæ аразыны ӕгъдау.

Аразджытæн бæгæны фыцынæн ис сæрмагонд мигæнæн – æрхæн бæрцуат, цæуы йыл 180 азы, йæ уæз хæццæ кæны 300 кг онг.

© Из личного архива Марата БагаеваХуссар Иры сцӕттӕ кӕндзысты ирон бӕгӕны рагон ирон рецептмӕ гӕсгӕ
Хуссар Иры сцӕттӕ кӕндзысты ирон бӕгӕны рагон рецептмӕ гӕсгӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Хуссар Иры сцӕттӕ кӕндзысты ирон бӕгӕны рагон ирон рецептмӕ гӕсгӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0