Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой ӕртӕ ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Биятов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ коронавирусӕй фӕрынчын сты 3 375 адӕймаджы, ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты 34 пациенты

ЦХИНВАЛ, 16 июн – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ коронавирус сбӕрӕг кодтой ӕртӕ адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзор"-ы бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, COVID-19 рабӕрӕг кӕныны фӕдыл дыццӕджы сарӕзтой 85 тесты, уыдонӕй ӕртӕ адӕймагӕн схаудта вирусы уӕвынад", - загъта Коцты Марина.

Ивгъуыд суткӕйы ма дохтырты хъусдардӕй систой республикӕйы ӕртӕ ӕмбӕстаджы, пандемийы рӕстӕджы сӕнӕнизуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 338 онг.

"Ныртӕккӕ медицинон хъусдарды бын сты 34 адӕймаджы", - банысан кодта Коцты Марина.

Пандемийы райдайӕнӕй уагдоны лабораторийы ӕдӕппӕт сарӕзтой 23 335 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 3 375 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0