Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум "Армия-2021"

© Пресс-служба ЮВО РФ Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум "Армия-2021"
Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум Армия-2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.06.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты форумы уазджытӕн нырыккон ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ, афтӕ ма сӕ хӕстон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны курдиат

ЦХИНВАЛ, 21 июн - Sputnik. Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон-техникон форум "Армия-2021"-ы мадзӕлттӕ фыццаг хатт ацӕудзысты уӕрӕсейаг ӕфсӕддон базӕйы территорийыл Хуссар Ирыстоны, хъусын кӕны Хуссар ӕфсӕддон зылды пресс-службӕ.

"Форум ацӕудзӕн 26-ӕй 28-ӕм августмӕ Цхинвалы уӕрӕсейаг базӕйы парк "Патриот"-ы территорийыл. Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты форумы уазджытӕн нырыккон ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгӕрзтӕ", - радзырдта зылды пресс-службӕйы сӕргълӕууӕг Вадим Астафьев.

Сӕрмагонд фӕзуатттыл равдисдзысты ӕфсӕддон техникӕ ӕмӕ хӕцӕнгарзы хуызтӕ, сӕ нымӕцы танктӕ Т-72А, бронетранспортертӕ БТР-80, тактикон зенитон ракетон комплекс "Тор", зенитон ракетон комплекс "Тунгуска", 120-мм минометтӕ "Сани" ӕмӕ ӕндӕр техникӕ, банысан кодта зылды минӕвар.

© Пресс-служба ЮВО РФ Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум "Армия-2021"
Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум Армия-2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/5
Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум "Армия-2021"
© Пресс-служба ЮВО РФ Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум "Армия-2021"
Хуссар Иры фыццаг хатт ацӕудзӕн форум Армия-2021 - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/5

3/5

4/5

5/5

Афтӕ ма ӕфсӕддонтӕ равдисдзысты уазджытӕн практикон архӕйдтытӕ ӕмӕ службӕйон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныны курдиат.

"Форумы сорганизаци кӕндзысты спортивон-ӕфсӕддон хъӕзтытӕ, культурон-аивадон ӕмӕ ӕмӕ ӕфсӕддон-патриотикон хиирхӕфсӕн фӕзуаттӕ, кусдзӕн ма дзы быдырон къӕбиц дӕр", - бахахх кодта Астафьев.

Хуссар ӕфсӕддон зылды ӕфсӕддон базӕтыл форум ӕдӕппӕт ацӕудзӕн 18 регионы. Мадзӕлттӕ цӕудзысты 2021 азы 26-ӕй 28-ӕм августмӕ. Архайдзысты дзы нырыккон хӕстон ӕмӕ сӕрмагонд техникӕйы 300 иуӕджы, 20 науы ӕмӕ 70 хӕдтӕхӕг ӕмӕ вертолеты.

Ног хабӕртты лентӕ
0