Бӕллыд иугонд Ирыстонмӕ: йӕ цардӕй ахицӕн поэт Ходы Камал

© YouTube / iRYSTON TVХоды Камал
Ходы Камал  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Рафыссын
Ирыстоны фысджыты ӕмсӕрдар Хъазиты Мелитон радзырдта йӕ мысинӕгтӕ РСО-Аланийы Адӕмон поэт, Хетӕгкаты Къоста ӕмӕ "Нарты фӕткъуыйы" премиты лауреат, цмгатирыстойнаг республикӕйы кады зарӕджы автор Ходы Камалы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 24 июн - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ирыстоны Адӕмон поэт, фыссӕг, публицист, тӕлмацгӕнӕг, критик, ирон фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Ходы Камал 80-аздзыдӕй ахицӕн йӕ цардӕй ӕртыццӕджы, 23 июны, дӕргъвӕтин рынчыны фӕстӕ.

Ходы Камал у ирон ӕвзагыл дӕсгай поэтикон ӕмбырдгондты, аивадон тӕлмацты ӕмӕ критикон уацты автор.

Йе мбӕлттӕ ӕмӕ 'ввахс адӕм поэты мысынц, куыд патриоты, кӕцы пропагандӕ кодта мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ национ традицитӕ.

"Адӕймаджы царды сӕйраг бонтӕ вӕййынц ӕртӕ: куы райгуыры, уӕд, стӕй адӕмы хсӕн иууыл стырдӕр хъуыддаг куы саразы, уӕд, ӕмӕ ӕртыккаг та - фӕстаг хӕрзбон куы зӕгъы уӕлион адӕмӕн, уӕд. Уый иуӕйагӕй сисгӕйӕ. Фӕлӕ ис ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕн вӕййы ӕрмӕстдӕр райгуырӕн бон ӕмӕ хорздзинӕдтӕ аразӕн бонтӕ. Мӕлӕн бон сын нӕй. Уый хауы Камалмӕ дӕр", - банысан кодта Ирыстоны фысджыты ӕмсӕрдар хъазиты Мелитон.

Уый бахахх кодта, зӕгъгӕ, Ирыстоны ӕмӕ ирон адӕмы хсӕн йӕ ном сыгъзӕрин дамгъӕтӕй чи ныффыста, уыдон фыццӕгтӕй иу уыд Ходы Камал.

"Камалы ӕз базыдтон ивгъуыд ӕнусы 70-ӕм азты, студенттӕ ма куы уыдыстӕм, уӕд. Уый ахуыр кодта Мӕскуыйы литинституты ӕмӕ ардӕм ӕрцыд цыдӕр хъуыддаджы фӕдыл. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йыл мӕ зӕрдӕ никуы фӕхудтис. Камал нӕ дих кодта ирӕтты хуссар ӕмӕ цӕгаттӕгтыл, ахӕмтӕ йӕм нымады дӕр никуы уыдысты. Ортъеуаг чызджы бауарзта ӕмӕ уыимӕ фӕцардысты хъӕрмудӕй", - мысы Хъазиты Мелитон.

© Пресс-служба Главы и правительства РСО-АИрыстоны фысджыты æмсæрдæрттæ Хъазиты Мелитон æмæ Ходы Камал РЦИ-А раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ
Бӕллыд иугонд Ирыстонмӕ: йӕ цардӕй ахицӕн поэт Ходы Камал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Ирыстоны фысджыты æмсæрдæрттæ Хъазиты Мелитон æмæ Ходы Камал РЦИ-А раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ

Хуссар Ирыстоны хъарм ахаст дардтой Ходы Камалмӕ, 2016 азы Цхинвалы ацыд йӕ 75-азон юбилейы цытӕн мадзал.

Ходы Камал райгуырд Цӕгат Ирыстоны Зæронд Бæтæхъойы хъӕуы 1941-æм азы. 1970 азы Мæскуыйы каст фæци Горькийы номыл литературон институт. Уæдæй фæстæмæ фæкуыста бирæ бæрнон бынæтты. 2019 азы хорзæхджын æрцыд РЦИ-А уæлдмр хорзæх - орден "Ирыстоны кад"-æй.

Ног хабӕртты лентӕ
0