Цхинвайлаг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы. Уый схорзӕхджын кодтой УУМ майданӕй

© Минюст РЮОЦхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2021
Рафыссын
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг доны мидӕг сӕры хъуынты резинкӕ куы федта, уӕд бамбӕрста, чызг кӕй фӕдӕлдон ис

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik. Цхинвалы "ЗАГС"-ы хайады сӕйраг специалист Къундухты Аксанайы схорзӕхджын кодтой Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) майданӕй ссывӕллоны фӕврӕзын кӕныны тыххӕй донӕй, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны юстицийы министрады пресс-службӕ. Майдан "Цард фервӕзын кӕныны тыххӕй" радтой столицӕйы ЗАГС-ы бӕрӕгбонты залы.

Дменисы хъӕуы доны цур 20 июны йӕ бинонтимӕ улӕфыдис 2011 азы гуырд Абайты Анна. Чызг дӕлдон кӕнын куы райдыдта, уӕд ӕй мӕлӕтӕй фервӕзын кодта Къундухты Аксана.

"Цӕстӕйфенджыты ныхӕстӕм гӕсгӕ, уым уыд бирӕ адӕм, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр Къундухты Аксана уыцы момент нӕ фӕтыхст ӕмӕ баххуыс кодта сывӕллонӕн. Ахӕм хъайтарты тыххӕй махӕн ис Майдан, кӕцы мах абон радтам уымӕн", - загъта УУМ сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт.

© Минюст РЮОЦхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы
© Минюст РЮОЦхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы
© Минюст РЮОЦхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы.
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы.
1/3
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы
2/3
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы
3/3
Цхинвалы цӕрӕг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы.

Къундухты Аксана загъта бузныг хъарм ныхӕсты тыххӕй ӕмӕ радзырдта ацы цауы тыххӕй.

"Кӕцыдӕр уысм ӕз фехъуыстон хъӕр "чызг аныгъуылд".  Фӕйнӕрдӕм акастӕн, фӕлӕ нӕ федтон никӕй ныгъуылгӕ. Уый фӕстӕ доны федтон сӕры хъуынты резинкӕ ӕмӕ бамбӕрстон, чызг кӕй фӕдӕлдон ис. Ӕз уайтагъд багӕпп кодтон йӕ фӕстӕ, фӕлӕ фыццаг хатт ӕй не ссардтон. Ӕмӕ ӕрмӕст дыккаг хатт куы багӕпп кодтон доны, уӕд мын бантыст рахӕссын чызджы донбылмӕ", - радзырдта Къундухты Аксана.

Сывӕллоны ирвӕзынгӕнӕгӕн Абайты Мыккаджы номӕй бузныг загъта Абайты Таймураз.

"Алчи нӕ бауӕндыдаид саразын афтӕ, фӕлӕ Аксана ӕрбацыд ӕххуысмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ бахызт нӕ бинонты скондмӕ. Мӕ цӕст йын уарзы стыр ӕнтыстытӕ царды", - загъта уый.

Уӕлвӕткон уагдоны сӕргълӕууӕг Цоциты Азӕмӕт ногӕй ӕрсидт республикӕйы цӕрджытӕм, цӕмӕй арӕхстджындӕр уой ӕрдзы улӕфыны рӕстӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0