Хуссар Ирмӕ ӕрцыд УФ Федерацийы Советы делегаци. Коллегӕты райста РХИ парламенты спикер

© Sputnik / Natalia AiriyanРХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.06.2021
Рафыссын
Депутаттӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Федерацийы Советы хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл иумӕйаг къамисы рабадты хайад райсынмӕ

ЦХИНВАЛ, 25 июн - Sputnik, Козаты Диана. Парламенты спикер Тадтаты Алан фембӕлд УФ Федерацийы Советы делегациимӕ, кӕцы ӕрцыд республикӕмӕ кусӕгон балцы.

Тӕрхондон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.06.2021
Хуссар Иры парламент снысан кодта Уӕлдӕр, Арбитражон ӕмӕ районон тӕрхонгӕнджыты

Хуссар Ирыстоны ис УФ Федерацийы Советы делегаци ӕхсӕнадӕмон хъуыддӕгты фӕдыл комитеты уӕнг, Хъырымы парламенты минӕвар Сергей Цековы сӕргълӕудӕй. Цхинвалы майрӕмбоны нывӕндынц ауадзын Хуссар Ирыстоны парламент ӕмӕ Федерацийы Советы хсӕн ӕмгуыстады фӕдыл иумӕйаг къамисы рабадт.

"Къамис, кӕцыйы сӕргъ Ды лӕууыс Федерацийы Советы, эффективон куыст кӕны. Пандемийы аххосӕй нӕ контакттӕ фарон фӕкъаддӕр сты, фӕлӕ мӕ уырны, ацы ахастытӕ дарддӕр кӕй фидар кӕндзысты. Ды бирӕ хатт ӕрцыдтӕ республикӕмӕ, ӕмӕ бирӕ хъаугъайаг фарстыты фӕдыл мах агуырдтам скъуыддзаг", - загъта Тадтаты Алан.

Спикер бахахх кодта, Хуссар Ирыстон кӕй нымайы Уӕрӕсейы йӕ сӕйраг стратегион партнерыл ӕмӕ йын бузныг у ӕххуысы тыххӕй.

Сергей Цеков банысан кодта, Уӕрӕсе та кӕй нымайы Хуссар Ирыстоны ӕввахс ӕмӕ хӕларадон паддзахадыл.

"Хуссар Ирыстон нымайы Уӕрӕсейы сӕйраг партнерыл. Мах, Хъырымы адӕм, уый тынг ӕмбарӕм. Цыдӕр рӕстӕг мах уыдыстӕм ӕмхуызон уавӕры – сымах тох кодтад хӕдбардзинад, мах та – статус фӕфылдӕр кӕныныл. Ӕмӕ уӕ проблемӕтӕ мах райстам куыд нӕхи проблемӕтӕ. Уӕззау зӕрдӕимӕ райстам 2008 азы хӕст ӕмӕ фӕлвӕрдтам баххуыс кӕнын", - загъта парламентари.

Цеков загъта бузныг Хуссар Ирыстоны парламенты спикерӕн хъарм райсты тыххӕй ӕмӕ баныфсӕвӕрдта, уыдон дарддӕр пайдаджын куыст кӕй кӕндзысты.

Фембӕлды рӕстӕджы ма уыдон радтой кӕрӕдзийӕн зӕрдылдарӕн лӕвӕрттӕ.

Иумӕйаг къамисы рабадтыл нывӕндынц ӕрдзурын Уӕрӕсе ӕмӕ Хуссар Ирыстоны хсӕн хӕларад ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырды реализацийыл, 1920 азы ирон адӕмы геноцидыл ӕмӕ ӕндӕр фарстытыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0