Бронзӕйыл тох: Цхинвайлаг богал ауадздзӕн кӕройнаг фембӕлд Европӕйы фыццагады

© Sputnik / Наталья АйриянЗассеты Арсӕмӕг
Зассеты Арсӕмӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2021
Рафыссын
Зассеты Арсӕмӕг финалмӕ хизгӕйӕ разынд сомихаг спортсменӕй чысыл лӕмӕгъдӕр, уый адыл ма цхинвайлаг спортсмен йæ тыхтæ бавзврдзæн æрмæст бронзæйон майданыл тохы

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвайлаг богал, 2019 азы дунейы чемпион Зассеты Арсӕмӕг ӕртыццӕджы стох кӕндзӕн Европӕйы фыццагады бронзӕйон призтыл, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Коцты Тамерлан.

Зассеты Арсӕмӕг фӕстаг ӕртӕ азы у бӕрзонд ӕмвӕзадыл турнирты уӕлахиздзау.

"Финалмӕ ахизынмӕ тохы фӕхӕрд ис сомихаг спортсменӕн. Уӕлдай хъыгаг уый у ӕмӕ йын йӕ ныхмӕлӕууӕг спайда кодта йӕ рӕдыдӕй ӕмӕ йын афтӕ фӕхӕрд. Арсӕмӕгӕн абон изӕры уыдзӕн кӕройнаг тох -  бӕрӕг цӕудзӕн бронзӕйон майданы хицау", - загъта Коцты Тамерлан.

Уый ма бафтыдта, Европӕйы фыццагады фӕстӕ Зассеты Арсӕмӕгӕн кæй уыдзӕн улӕфт, уый фӕстӕ та йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы Спартакиада.

Зассеты Арсӕмӕг дунейон ерыстӕй дарддӕр рамбылдта 2019 азы Уӕрӕсейы фыццагад ӕрыгӕтты хсӕн. Ацы аз Уӕрӕсейы ерысты фӕхӕрд ис ӕрмӕст йӕ ӕмгар Бестауты Андрейӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0