Цхинвайлаг боксер стох кӕндзӕн Европӕйы фыццагады

© Sputnik / Natalia Airiyan Гӕджиты Гурам
Гӕджиты Гурам  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.06.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны Боксы скъолайы хъомылгӕнинаг Гӕджиты Гурам у иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ боксер кӕстӕр фӕлтӕры хсӕн

ЦХИНВАЛ, 30 июн — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл ӕнтыстджындӕр архайгӕ боксер кӕстӕр фӕлтӕры хсӕн Гӕджиты Гурам стох кӕндзӕн Европӕйы фыццагады, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

Цхинвайлаг боксер рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.04.2021
Цхинвайлаг боксер рамбылдта Уӕрӕсейы фыццагад

Гӕджиты Гурам у ӕрыгӕтты хсӕн 2021 Уӕрӕсейы фыццагады чемпион.

"Фыццагад цæудзæн 1-12 июлы. Гурам хорз цӕттӕ у. Рацыд дыууӕ цӕттӕгӕнӕн этапы - майы Кисловодскы фидар кодта иумӕйагӕй физикон цӕттӕдзинад, июны та ацыд Мӕскуымӕ спарингтӕм", - загъта тренер.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Гурам физикон цӕттӕдзинадӕй дарддӕр хъуамӕ равдиса фидар удыхъӕд дæр.

"Ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзадыл ерысты сыл стыр бӕрндзинад кӕй вӕййы, уымӕн дӕр фӕхӕрд вӕййынц, фӕлӕ ацы хъуыддаджы дӕр ма хъуамӕ фӕкъуылымпы уа. Мах та йӕ ардыгӕй фӕдзӕхсдзыстӕм", - бафтыдта уый.

Гӕджиты Гурам стох кӕндзӕн 2005-2006 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн. Европӕйы фыццагадмӕ балцӕг райста куыд Уӕрӕсейы чемпион.

Ног хабӕртты лентӕ
0