Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 17 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны санитарон уагдоны радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй республикӕйы. Бон раздӕр Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой 43 ног рынчыны тыххӕй COVID-19-ӕй иу суткӕмӕ

ЦХИНВАЛ, 6 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд суткӕйы сбӕрӕг кодтой 17 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта дыццӕджы Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 126 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 17 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг.

Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой цыппар адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3 409 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 171 пациенты.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3 580 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 601 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0