Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 34 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Павел Кононов /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 07.07.2021
Рафыссын
Бон раздӕр Югосетпотребнадзоры лабораторийы сбӕрӕг кодтой 17 рынчыны COVID-19-ӕй. Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3614 онг

ЦХИНВАЛ, 7 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг суткӕйы дӕргъы сбӕрӕг кодтой 34 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3614 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 24 720 тесты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 119 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 34 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг.

Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой фондз адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3414 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 200 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0