Хуссар Иры иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 23 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.07.2021
Рафыссын
Майрӕмбоны коронавирусӕй ног рынчынты нымӕц фӕкъаддӕр знонмӕ абаргӕйӕ, фӕлӕ рынчынкӕнынады ӕмвӕзад нырма дӕр у бӕрзонд

ЦХИНВАЛ, 9 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны иу суткӕмӕ сбӕрӕг кодтой 23 ног рынчыны коронавирусӕй, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры лабораторийы ивгъуыд суткӕйы сарӕзтой 156 иртӕсты COVID-19-ы фӕдыл, уыдонӕй 23 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг", - радзырдта Коцты Марина.

Фӕстаг суткӕйы медицинон хыгъдӕй систой ӕхсӕз адӕймаджы, ӕдӕппӕт та тӕссаг инфекцийӕ сӕнӕниз сты 3425 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 248 пациенты.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ республикӕйы коронавирусӕй фӕрынчынуӕвджыты иумӕйаг нымӕц схызт 3673 онг. Уагдоны ПЦР-лабораторийы инфекцион низы фӕзындӕй фӕстӕмӕ сарӕзтой 25 тестӕй фылдӕр коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0