Хуссар Иры сӕйраг фонтаны куыст ӕрнывыл уыдзӕн йӕ сфидары фӕстӕ

© Sputnik / Элина ГабараеваФонтан
Фонтан - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 12.07.2021
Рафыссын
Йӕ ӕнӕкъӕм куыстӕн хъӕуы цыппар кусӕджы ӕмӕ ӕдзух финансон ифтонгад

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Столицӕйы сӕйраг фонтаны фонотека рауӕрӕх уыдзӕн йӕ бюджет фидар куы рцӕуа, йӕ ӕнӕкъӕм куыст та ифтонг кӕндзӕн цыппар адӕймаджы бӕрц, фехъусын кодта Sputnik паддзахадон унитарон куыстуат "Водоканал"-ы хистӕр Цхуырбаты Алан.

Театралон фӕзуатыл уӕвӕг республикӕйы иууыл стырдӕр фонтан скусын кодтой ацы аз сӕрды, фӕлӕ нырма ӕдзух ӕмӕ ӕххӕст гуырахстӕй нӕ кусы.

"Водоканал басгӕрста ифтонгад ӕмӕ сахуыр кодтой объект. Фонтаны куыстмӕ ӕппынӕдзух хъӕуы кусджытӕ цыппары онг", - радзырдта хистӕр.

Фонтан ныридӕгӕн "кафы" цыппар мелодимӕ, дзуры Цхуырбаты Алан,

"Йӕ аивзӕлты нымӕц дӕр сты ӕрмӕст цалдӕр, сӕ нымӕцы ирон ӕмӕ фӕсарӕйнагтӕ. Сӕ рауӕрӕх кӕнынӕн хъӕуы ног программӕтӕ балхӕнын", - бафтыдта уый.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, кӕд пандемийы аххосӕй уавӕр нӕ фӕкарздӕр уа, уӕд фонтаны куыст ӕрнывыл уыдзӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0