Ӕрдзурдзысты инциденттыл: Хуссар Ир ӕмӕ Гуырдзыстоны делегацитӕ фембӕлдысты арӕныл

© Sputnik / Ян ГабараевИӔАМ форматы фембӕлд
ИӔАМ форматы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.07.2021
Рафыссын
Фарсытӕ арӕныл фембӕлдысты 10-ӕм хатт. Боны фӕткы сты ӕдасдзинады фарстытӕ ӕмӕ проблемӕтӕ арӕнгӕрон районты

ЦХИНВАЛ, 15 июл – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, афтӕ ма ОБСЕ ӕхсӕнылӕгтӕ фембӕлдысты арӕнгӕрон хъӕу Эргнеты инциденттӕ ма руадзын ӕмӕ сӕ аиуварс кӕныны фӕдыл механизмты (ИӔАМ) фӕлгӕтты. 

Ацы форматы ивгъуыд фембӕлд ацыд июны ӕмбисы.

"Фарсытӕ ӕрдзурдзысты арӕны ӕдасдзинады фарстытыл, афтӕ ма фӕстаг фембӕлдӕй фӕстӕмӕ арӕнгӕрон территоритыл ӕрцӕугӕ цаутыл", - фехъусын кодтой президенты ӕххӕстбарджын минӕвары аппараты.

Фембӕлды хатдзӕгты тыххӕй журналисттӕн фехъусын кӕндзӕн делегацийы разамонӕг, ӕххӕстбарджын минӕвары хӕдивӕг Коцты Егор.

ИӔАМ форматы фембӕлдтӕ уагъд цӕуынц 2009 азӕй фӕстӕмӕ. Хайад сӕ райсынц Хуссар Ирыстон, Уӕрӕсе ӕмӕ Гуырдзыстоны минӕвӕрттӕ, афтӕ ма ОБСЕ ӕмӕ Евроцӕдисы ӕхсӕнылӕгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0