Цхинвалы сӕхгӕдтой карантиныл сабидон коронавирусы инфекцийы аххосӕй

© Sputnik / Алексей Мальгавко /  Ахизын медиабанкмæКарантин
Карантин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.07.2021
Рафыссын
Остъаты Алексейы уынгыл уӕвӕг 13-ӕм сабидон сӕхгӕдтой, йӕ персоналы хсӕн кӕй сбӕлвырд кодтой коронавирусы инфекци, уый тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 15 июл - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы 13-ӕм сабидоны бакодтой карантин коронавирусы апарахат ма 'руадзыны аххосӕй, фехъусын кодта Sputnik горӕты ахуырады хайады хистӕр Сиукъаты Ольга.

Сабидон ӕхгӕд ӕрцыд цыппӕрӕмӕй санитарон службӕты барамындмӕ гӕсгӕ.

"Остъаты Алексейы уынгыл уӕвӕг ӕртындӕсӕм сабидон сӕхгӕдтой, йӕ персоналы хсӕн кӕй сбӕлвырд кодтой лабораторион уавӕрты коронавирусы инфекци", - загъта уый.

Сиукъаты Ольга банысан кодта, сывӕллӕтты рӕвдауӕндон йӕ куыст кӕй ӕрурӕдта 15-23 июльмӕ.

Пандемийы райдианӕй фӕстӕмӕ цӕстдардон уагдоны лабораторийы сарӕзтой 25 644 ПРЦ-иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй низы уӕвынад равдыстой 3770. Сӕнӕниз сты 3466 адӕймаджы. Ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын стационар ӕмӕ амбулаторийы сты 304 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0