Хохмӕ хъайтарты къамтимӕ: Ирыстоны альпинисттӕ схиздзысты "Аланийы бӕрзӕндмӕ"

© Из архива Тамерлана Тедеева"Аланийы бӕрзӕнд"
Аланийы бӕрзӕнд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Рафыссын
Аланийы пик ӕвӕрд у 3,5 километры бӕрӕндыл Къуыдаргом хохӕфцӕгыл. Хуссар Ирыстоны къорд ахӕсдзысӕн аст хъайтары къамтӕ. Аннӕтӕ 34-ӕй сты цӕгаттаг дӕлӕгацийы бӕрны

ЦХИНВАЛ, 16 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ир ӕмӕ Цӕгат Иры альпинисттӕ фембӕлдзысты Аланийы хохыл. Дыууӕ республикӕйы хохарӕнмӕ сцыд нывонд цӕуы Стыр Фыдыбӕстон хӕсты дуджы Кавказыл тохы 80-азон юбилейӕн. 

Хуссар Ирыстоны хӕххон спорты хуызты федерацийы разамонӕг Тедеты Тамерланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, хохӕфцӕгмӕ хуссарӕй чи абалц уыдзӕн, уыдон нымӕцы ис паддзахадады разамонӕг Бибылты Анатолий дӕр. Бӕлццӕттӕ се 'сцыд нывӕндынц 25 июлы. 

"Президент йӕхӕдӕг равдыста хъӕппӕрис хохмӕ сцӕуыны тыххӕй. Ныридӕгӕн къорды сконд фидар цӕуы. Балц райдайдзыстӕм Къуаисайӕ - Аланийы бӕрзӕнд ис Къуыдаргомы сӕрмӕ. Бӕлццӕттӕ семӕ ахӕсдзысты Ирыстоны Стыр Фыдыбӕстон хӕсты хъайтарты хуызисттӕ", - загъта Тедеты Тамерлан.

Хуссар Ирыстоны къорд ахӕсдзысӕн аст хъайтары къамтӕ. Аннӕтӕ 34-ӕй сты цӕгаттаг дӕлӕгацийы бӕрны.

Аланийы пик ӕвӕрд у 3,5 километры бӕрӕндыл Къуыдаргом хохӕфцӕгыл. 

 

 

Ног хабӕртты лентӕ
0