Цхинвалы зӕлдфӕлындӕн дӕлхайад ӕхсӕды бӕлӕстӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы зӕлдфӕлындӕн управлени ӕхсӕды бӕлӕстӕ
Цхинвалы зӕлдфӕлындӕн управлени ӕхсӕды бӕлӕстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Рафыссын
Лыг цӕуынц хус бӕлӕстӕ ӕмӕ фӕндагон бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ светофорты чи хъыгдары, къалиутӕ

ЦХИНВАЛ, 19 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уынгтыл хӕрзарӕзтады комитеты зӕлдфӕлындӕн дӕлхайад ӕхсӕды горӕты бӕлӕстӕ цӕрджыты ӕмӕ уагдӕтты куырдиаттӕм гӕсгӕ, фехъусын кодта Sputnik комитеты хистӕр Габуты Инал.

Ацы бонты бригадӕ кусы Джиоты Аланы проспектыл.

"Паддзахадон автоинспекцийы куырдиатмӕ гӕсгӕ нӕ дӕлхайады кусджытӕ ӕхсӕстой горӕты фӕндагон бӕрӕггӕнӕнтӕ ӕмӕ светофортӕ чи ӕхгӕны, ахӕм къалиутӕ. Стӕй ма горӕты цӕрджыты куырдиатмӕ гӕсгӕ ралыг кӕнынц хус къалиутӕ, цӕмӕй дымгӕйы рӕстӕджы макӕуыл ӕрхауой", - загъта Габуты Инал.

Уый ма бафтыдта, бирӕ куырдиӕттӕ сӕм ис горӕты цӕрджытӕй, фӕлӕ се 'ппӕтӕн сӕ ӕнхъарӕн сӕххӕст кӕнын сӕ бон нӕу.

"Ныр ӕхсӕдыны рӕстӕг нӕу, уымӕ гӕсгӕ ӕрмӕст тӕссагдзинад кӕцы ӕвзӕрын кӕны, ахӕм бӕлӕстӕ ӕхсӕдӕм", - балхынцъ кодта уый.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы зӕлдфӕлындӕн управлени ӕхсӕды бӕлӕстӕ
Цхинвалы зӕлдфӕлындӕн дӕлхайад ӕхсӕды бӕлӕстӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Цхинвалы зӕлдфӕлындӕн управлени ӕхсӕды бӕлӕстӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0