Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой донбылгӕрӕтты арендӕйы фарстыл

© Sputnik / Сергей Аверин /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой донбылгӕрӕтты арендӕйы фарстыл
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой донбылгӕрӕтты арендӕйы фарстыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Рафыссын
Республикӕйы цӕрджытӕ бирӕ хатт сӕ хъус ӕрдардтой донбылгӕрон территоритты проблемӕмӕ, кӕцытӕ сӕхгӕдтой арендатортӕ

ЦХИНВАЛ, 20 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны донбылгӕрон территоритӕм хъуамӕ бацӕуӕн уа алкӕцы ӕмбӕстагӕн дӕр, кӕцыты фӕнды уым баулӕфын. Ацы территориты арендӕйы фарстыл ӕрдзырдтой сӕудӕджерад, арӕзтад, транспорт, бастдзинӕдтӕ ӕмӕ ӕрдзон ресурсты фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл, хъусын кӕны парламенты пресс-службӕ.

Леуахи - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.06.2021
Хуссар Иры премьер радта къорд хӕлӕвӕрды экологон уавӕр фӕхуыздӕр кӕныны фӕдыл

Ацы темӕйы фӕдыл республикӕйы къухдариуӕгадмӕ бирӕ хатт бадзырдтой районты цӕрджытӕ. Цалдӕр азы размӕ ацы фарст фӕзынд Цхинвалы районы, цы ран Дменисы хъӕуы цӕрджытӕ хъаст кодтой, арендатортӕ кӕй сӕхгӕдтой Чысыл Леуахимӕ бацӕуӕн.

"Донбылгӕрӕтты цур территоримӕ бацӕуыны фадат, бынӕттон цӕрджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ, хъуамӕ уа алкӕмӕндӕр. Зӕххы фадгуыты арендатортӕ ӕмӕ амалиуӕггӕнджытӕ хъуамӕ ӕмбарой, кӕцы территори райсыны бар сын ис", - загъта комитеты сӕргълӕууӕг Ӕлборты Алан.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ хъӕуы саразын уагӕвӕрд, кӕцы бӕрӕг кӕндзӕн донбылгӕрон территориты арӕнтӕ.

Ӕлборты Алан банысан кодта, уый фыццаг хъӕуы саразын иу районы.

Уый банхъардта районы разамонджытӕм сбӕрӕг кӕнын ӕмӕ снысан кӕнын картӕйыл бынӕттӕ, цы ран адӕмӕн фӕзыны проблемӕтӕ донбылгӕрӕтты баулӕфынимӕ, цӕмӕй уагӕвӕрды банысан кӕной территори, кӕцымӕ бацӕуыны фадат уа алкӕмӕндӕр.

Комитеты уӕнгтӕ аскъуыддзаг кодтой ауадзын ноджы иу рабадт ацы фарсты фӕдыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0