Архайӕм нӕхи тыхтӕй: Хуссар Иры ӔХМ сӕйраг терапевт COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Natalia Airiyan Коронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Рафыссын
Республикӕйы фӕстаг мӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынты нымӕц – ныртӕккӕ медикты хъусдарды бын сты 386 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй

ЦХИНВАЛ, 20 июл - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Коронавирусон инфекцийы ныхмӕ тохы архайӕм нӕхи тыхтӕй, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады (ӔХМ) сӕйраг терапевт Санахъоты Тамара.

Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой донбылгӕрӕтты арендӕйы фарстыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Хуссар Иры парламенты ӕрдзырдтой донбылгӕрӕтты арендӕйы фарстыл

Цхинвалы дыццӕджы ацыд пресс-конференци медиктимӕ, кӕцы уыд нывонд республикӕйы эпидемиологион уавӕримӕ.

Республикон медицинон центры исӕн дӕлхайады, кӕцы ис Цхинвалы раздӕры гуырӕн хӕдзары бӕстыхайы, абоны бон кусы 12 адӕймаджы скондӕй медикты бригадӕ.

"ПЦР-тестӕн биоӕрмӕг исӕм ӕрвылбон, 9.00 сахатӕй фӕстӕмӕ. 1 июлӕй исӕн хайадмӕ бадзырдтой 748 адӕймаджы. Анализтӕ райстам 1084 адӕймагӕй, фӕсидттӕм ацыдыстӕм 131 хатт", - банысан кодта Санахъоты Тамара.

© Sputnik / Natalia Airiyan Санахъоты Тамара
Архайӕм нӕхи тыхтӕй: Хуссар Иры ӔХМ сӕйраг терапевт COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Санахъоты Тамара

Уый ма бахахх кодта, исӕн хайады дохтыртӕ сӕ хъус кӕй дарынц алкӕцы пациентмӕ дӕр.

"Мах ӕрвылбон райсӕм лабораторийӕ ӕвӕрццаг тесттимӕ адӕмы номхыгъдтӕ, дохтыртӕ фӕдзурынц алкӕцы рынчынмӕ дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнынц хоскӕнынадимӕ", - фехъусын кодта дохтыр.

Афтӕ ма Санахъоты Тамара радзырдта, республикӕйы коронавирусӕй кӕй фӕрынчын ӕвгъӕддон сылгоймаг дӕр, кӕцыйы уавӕрмӕ сӕ хъус дарынц профилон специалисттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0