Хуссар Иры МХМ радзырдтой, куыд арӕзт цӕудзӕн Цхинвалы проект "Ӕдас горӕт"

© Sputnik / Алексей КовалевЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2021
Рафыссын
Комплексон автоматизацигонд информацион системӕ арӕзт цӕуы, цӕмӕй райтынг кӕной фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны фӕстаг рӕстӕджы фӕфылдӕр автотранспорты нымӕц, уый фӕстиуӕгӕн арӕхдӕр ӕрцӕуынц фӕндагон-транспортон цаутӕ (ФТЦ). Уый фӕдыл аскъуыддзаг кодтой саразын проект "Ӕдас горӕт", фехъусын кодта Sputnik республикӕйы МХМ ӕхсӕнадон фӕтк хъахъхъӕныны дӕлхайады хистӕр, милицийы булкъон Гаглойты Маирбег.

Хуссар Иры фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ аварийы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 19.07.2021
Хуссар Иры фӕндӕгтыл иу къуыримӕ ӕрцыд ӕртӕ аварийы, фондз адӕймаджы бахъыгдард сты

Гаглойты Маирбег банысан кодта, ацы проекты сӕйраг нысаниуӕг у фӕфылдӕр кӕнын ӕсхӕнадон фӕткы ӕдасдзинад видеоцӕстдарды камерӕты руаджы.

"Ацы камерӕтӕй мах исдзыстӕм информаци фӕткхӕлдты тыххӕй. Цӕвиттонӕн, шофыр светофоры сырх рухсыл куы аскъӕра, уӕд камерӕ уый сбӕрӕг кӕндзӕн, хӕдтулгӕйы адресмӕ та ӕрвыст ӕрцӕудзӕн фыстӕг фехӕлды бӕлвырдгӕнӕнимӕ", - загъта уый.

Гаглойты Маирбеджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, камерӕтӕ сӕвӕрынӕн фӕхуыдтой нардуатон организаци Уӕрӕсейӕ. "Ӕдас горӕт" фидӕны аххӕссдзӕн ӕппӕт республикӕйыл.

"Хуссар Ирыстоны алкӕцы районы дӕр сӕххӕст кӕндзысты ацы проект. Уӕрӕсейаг специалисттӕ дыууӕ хатт уыдысты республикӕйы камерӕты бынӕттӕ снысан кӕнынӕн. Уыдзӕн дзы камерӕты цалдӕр хуызы, кӕцытӕ бӕрӕг кӕндзысты алыгъуызон фӕткхӕлдтӕ", - бахахх кодта дӕлхайады хистӕр.

Гаглойты Маирбег ма банысан кодта, проект арӕзт кӕй цӕудзӕн ӕртӕ этапы ӕмӕ фидӕн азы хъуамӕ скуса ӕххӕст гуырахстӕй. Ныртӕккӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрластой сервертӕ "Ӕдас горӕтӕн".

Видеоцӕстдарды камерӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.11.2019
МХМ сӕргълӕууӕг ӕдас Цхинвалы тыххӕй: хъӕуы сӕдӕгай милуан сомтӕ

"2021 азы сентябры специалисттӕ ногӕй хъуамӕ ӕрцӕуой Хуссар Ирыстонмӕ монтажон куыстыты тыххӕй. Камерӕтӕ сӕвӕрдзысты столицӕйы цыппар сӕйраг алвӕндагыл. Хӕдтулгӕты тагъддзинад бӕрӕг кӕныны фӕдыл 16 камерӕйы сӕвӕрдзысты горӕты, трассӕты ӕмӕ стационарон постыты. 14 куполон камерӕ та сӕвӕрдзысты бирӕ адӕм кӕм ӕмбырд кӕны, ахӕм бынӕтты – уыдон кусдзысты ӕхсӕвы дӕр", - радзырдта уый.

Гаглойты Маирбег бафтыдта, зӕгъгӕ, Паддзахадон автоинспекцийы цур сараздзысты "Административон фӕткхӕлдты автоматикон фиксакцийы центр".

Комплексон автоматизацигонд информацион системӕ арӕзт цӕуы, цӕмӕй райтынг кӕной фӕндагон змӕлды ӕдасдзинад. Йӕ арӕзтадмӕ Хуссар Ирыстоны бавнӕлдтой цалдӕр азы размӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0