Фӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысы фонд ногӕй дзуры бузныг Хуссар Иры медиктӕн

© Из личного архива М. ПлиевойФӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысы фонд ногӕй дзуры бузныг Хуссар Иры медиктӕн
Фӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысы фонд ногӕй дзуры бузныг Хуссар Иры медиктӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2021
Рафыссын
Фонд ныр дыккаг хатт ӕвӕры баннер медицинон кусджытӕн бузныджы ныхӕстимӕ

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы центры ногӕй сӕвӕрдтой баннер Хуссар Ирыстоны медиктӕн бузныджы ныхӕстимӕ, кӕцытӕ тох кӕнынц коронавирусон инфекциимӕ. Фӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысы фонды сӕргълӕууӕг Плиты Мӕдинӕ куыд фехъусын кодта Sputnik, афтӕмӕй республикӕйы цӕрджытӕ хъуамӕ ӕрбаиу кӕной сӕ тыхтӕ ног тӕссагдзинады ныхмӕ.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Архайӕм нӕхи тыхтӕй: Хуссар Иры ӔХМ сӕйраг терапевт COVID-19-имӕ уавӕры тыххӕй

Хуссар Ирыстоны фӕстаг мӕй ногӕй фылдӕр кӕны коронавирусӕй рынчынкӕнынады ӕмвӕзад.

Фарон, пандемийы тӕмӕны, Фӕцӕфуӕвджытӕн ӕххуысы фонд сӕвӕрдта баннер столицӕйы централон алвӕндӕгтӕй иуыл. Ацы аз бузныджы ныхӕстимӕ баннер фӕзынд фӕстӕмӕ уыцы бынаты.

"Мах иууылдӕр зонӕм, нӕ дохтырты ӕрвылбонон куыст кӕй у стыр сгуыхтдзинад. Махмӕ ис хъайтар дохтыртӕ, уымӕн ӕмӕ уыдон бирӕ ӕзты дӕргъы лӕууыдысты райгуырӕн бӕстӕйы хъахъхъӕнджыты фарсмӕ ӕмӕ ирвӕзын кодтой адӕмы цӕрдтӕ", - бахахх кодта Плиты Мӕдинӕ.

Уый банысан кодта, кӕй хъӕуы ӕххӕст кӕнын дохтырты рекомендацитӕ ӕмӕ ӕдасдзинады мадзӕлттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0