00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
00:00
01:00
02:00
03:00
04:00
05:00
06:00
07:00
08:00
09:00
10:00
11:00
12:00
13:00
14:00
15:00
16:00
17:00
18:00
19:00
20:00
21:00
22:00
23:00
On air
09:05
12 Мин
Утро на Спутнике
Цифровой капкан: эксперты предупредили о краже аккаунтов через ссылки в мессенджере MAX
09:18
10 Мин
Утро на Спутнике
Риск Бушера: что грозит Южному Кавказу при ударе по иранской АЭС
09:34
26 Мин
ЗнонАбон
Эфирмæ
Горӕт Цхинвал106.3
Горӕт Цхинвал106.3
Ленингоры район106.3

Бибылты Анатолий раарфӕ кодта ДИФ кусджытӕн сӕ бӕрӕгбоны фӕдыл

Рафыссын
Хуссар Ирыстоны 23 июлы нысан кӕнынц Дзыллон информацион фӕрӕзты кусӕджы бон. Ацы боны фӕдыл ДИФ минӕвӕрттӕн раарфӕ кодта президент

ЦХИНВАЛ, 23 июл — Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Дзыллон информацион фӕрӕзты (ДИФ) кусджытӕн сӕ профессионалон бӕрӕгбоны цытӕн.

ХИПУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
ХИПУ журналистикӕйы факультеты фыццаг хатт бакодтой фӕсаууонмӕ ахуыр

"Иузӕрдыгдзинад уӕ хъуыддагӕн, рæстæгимæ иумæ æмдзу кæнынмæ тырнындзинад, раст ног хабӕрттӕ хъусын кӕнын – уыдон сты миниуджытӕ, кӕцытӕ руаджы сымах хӕссут информаци ӕхсӕнадӕн", - хъусын кӕны паддзахады сӕргълӕууӕджы ныхӕстӕ йӕ пресс-службӕ.

Президент уӕлдай хъусдард аздӕхта ветерант-журанлисттӕм. Бибылты Анатолий бахахх кодта, гуырдзиаг агрессийы рӕстӕджы журналисттӕ кӕй куыстой информацион блокадӕйы уавӕрты, фӕлӕ уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ, фехъусын кодтой дунейӕн раст факттӕ.

Президент загъта бузныг ДИФ кусджытӕн сӕ намыс ӕмӕ куысты тыххӕй паддзахады хӕрзӕбонӕн.

"Бузныг уын, ацы уӕззау рӕстӕджы кӕй хъусын кӕнут цӕрджытӕн асхджиаг скъуыддзӕгтӕ, цауты алыгъуызон анализ ӕмӕ ӕхсӕнады интерестӕ хъахъхъӕныны тыххӕй", - бафтыдта паддзахады сӕргълӕууӕг.

Бибылты Анатолийы цӕст бауарзта ДИФ минӕвӕрттӕн фидар ӕнӕниздзинад, сфӕлдыстадон ӕнтыстытӕ ӕмӕ фылдӕр хорз ног хабӕрттӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0