Уӕрӕсейы президент схорзӕхджын кодта Чилӕхсаты Магрезы Кады Орденӕй

© Facebook / Магрез КелехсаевЧилӕхсаты Магрез
Чилӕхсаты Магрез - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2021
Рафыссын
Фыдыбӕстӕйон культурӕ ӕмӕ аивады райрӕзтмӕ хайабавӕрд, бирӕазон пайдаджын куысты тыххӕй нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрезы схорзӕхджын кодтой Кады Орденӕй

ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы президент Владимир Путин схорзӕхджын кодта номдзыд нывгӕнӕг Чилӕхсаты Магрезы Кады Орденӕй.

Уый фӕдыл барамынд бафыстой хуыцаубоны, 15 июлы, хъусын кӕны "15-й Регион".

"Ӕз бирӕ уарзын мӕ професси. Академи каст фӕдӕн 1974 азы, 18 азы Ирон театры куыстон сӕйраг нывгӕнӕгӕй, иннӕ рӕстӕг ахуыргӕнӕгӕй кусын ахуыргӕнӕндӕтты. Уыцы рӕстӕгмӕ иу хатт дӕр никуы фӕфӕсмон кодтон ацы професси кӕй равзӕрстон, ууыл", - радзырдта нывгӕнӕг.

Чилæхсаты Магрез райгуырд Дзауы районы Чеселты хъæуы. У Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы адæмон нывгæнæг, Станиславскийы номыл премийы лауреат.

Йæ куыстытæ фенæн ис Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы, Дзæуджыхъæуы, Цхинвалы, Омскы, Киевы музейты, афтæ ма хицæн адæмы коллекциты Европæйы бирæ горæтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0