Азы антирекорд: Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 63 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2021
Рафыссын
Республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй рабӕрӕг кодтой 4100 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, медикты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 521 цӕрӕджы

ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 63 адӕймагӕн, кӕцытӕ тесттӕ радтой ивгъуыд майрӕмбоны, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Уый банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты сом райсом.

"Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы сарӕзтой 332 тесты, уыдонӕй 63 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 13 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 521 цӕрӕджы", - загъта Коцты Марина.

Хуссар Ирыстоны фӕстаг хатт коронавирусӕй рынчынкӕнынады ахӕм бӕрзонд ӕмвӕзад уыд 2020 азы фӕззӕджы. Ноябры иу суткӕмӕ коронавирусӕй иууыл фылдӕр фӕрынчын сты 77 адӕймаджы, октябры та – 114.

Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 бахӕцыд 4100 адӕймагыл, уыдонӕй 3579 сӕнӕниз сты. Уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 27 403 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Санитарон уагдоны сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0