Мигъ ӕмӕ их: Альпинистты схызт "Алани"-йы бӕрзӕндмӕ фӕкъуыхцы ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй

© Из архива Тамерлана Тедеева"Алани"-йы бӕрзӕнд
Алани-йы бӕрзӕнд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2021
Рафыссын
Хӕрдмӕсцыды сӕйраг хъуыды уыд, цӕмӕй ауадзой "Ӕнӕмӕлгӕ полк" акци "Алани"-йы бӕрзӕндыл: хайадисджытӕ хъуамӕ схызтаиккой бӕрзӕндмӕ Советон Цӕдисы Хъайтарты къамтимӕ ӕмӕ дзы сӕвӕрдтаиккой Уӕлахизы Тырыса

ЦХИНВАЛ, 26 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. "Алани"-йы бӕрзӕндмӕ хӕрдмӕсцыд, кӕцы нывонд уыд Кавказыл тохы 80-ӕм афӕдзы бонӕн, нӕ ацыд ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй, фехъусын кодта Sputnik йӕ организатортӕй иу Тедеты Тамерлан.

Акци нывӕндысты райдайын 24 июлы, хайад дзы хъуамӕ райстаид республикӕйы президент Бибылты Анатолий. Проекты инициатор ссис "Арт-Кавказ" фонды сӕрдар Николай Хлынцов. Хӕрдмӕсцыды сӕйраг хъуыды уыд, цӕмӕй ауадзой акци "Ӕнӕмӕлгӕ полк" "Алани"-йы бӕрзӕндыл: хайадисджытӕ хъуамӕ схызтаиккой бӕрзӕндмӕ Советон Цӕдисы Хъайтарты къамтимӕ ӕмӕ дзы сӕвӕрдтаиккой Уӕлахизы Тырыса.

"Уым уыд мигъ, их ӕмӕ уарыд къӕвда. Ӕвзӕр боныгъӕды аххосӕй ӕрурӕдтам нӕ хӕрдмӕсцыд. Акцийы хайад райсын нывӕндысты бирӕ адӕм, куыд Хуссар Ирыстон, афтӕ Цӕгатӕй дӕр. Нӕ маршруты нывӕст нӕ сӕххӕст кодтам, фӕлӕ уӕддӕр фембӕлдыстӕм ӕфцӕгыл ӕмӕ ссардтам Кавказыл тохы зынгхуыст хъайтарты рухс нӕмттӕ", - загъта Тедеты Тамерлан.

Аланийы пик ӕвӕрд у 3,5 километры бӕрӕндыл Къуыдаргом хохӕфцӕгыл. 

Ног хабӕртты лентӕ
0