Хуссар Иры иу суткӕмӕ рабӕрӕг кодтой 25 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæ COVID-19
 COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.07.2021
Рафыссын
Бон раздӕр коронавирусон инфекци рабӕрӕг кодтой республикӕйы 63 цӕрӕгӕн, ӕдӕппӕт та пандемийы райдианӕй низ бахӕцыд 4125 адӕймагыл

ЦХИНВАЛ, 27 июл - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Ивгъуыд суткӕйы Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 25 адӕймагӕн, фехъусын кодта Sputnik дыццӕджы республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, "Югосетпотребнадзор"-ы лабораторийы ацӕугӕ бон сарӕзтой 164 ПЦР-иртӕсты COVID-19 рабӕрӕг кӕныны тыххӕй.

"Ивгъуыд суткӕйы ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 25 тесты. Медицинон хыгъдӕй систой 10 адӕймаджы", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ныртӕккӕ дохтырты хъусдарды бын сты республикӕйы 536 цӕрӕджы.

Пандемийы райдайӕнӕй фӕстӕмӕ уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 27 567 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл. COVID-19 бахӕцыд 4125 адӕймагыл, уыдонӕй 3589 сӕнӕниз сты.

Ног хабӕртты лентӕ
0