Хуссар Иры Пенсион фонд нӕ райста 31 милуан сомы Паддзахадон унитарон куыстуӕттӕй

© Sputnik / Владимир Трефилов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры Пенсион фонд нӕ райста 31 милуан сомы Паддзахадон унитарон куыстуӕттӕй
Хуссар Иры Пенсион фонд нӕ райста 31 милуан сомы Паддзахадон унитарон куыстуӕттӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Рафыссын
Паддзахадон унитарон куыстуӕтты разамонджытӕ радзырдтой депутаттӕн, цӕмӕ сын ис ахӕм хӕстӕ ӕмӕ сӕ куыд фиддзысты

ЦХИНВАЛ, 29 июл - Sputnik. Хуссар Ирыстоны депутаттӕ ӕрдзырдтой Паддзахадон унитарон куыстуӕтты хӕстыл республикӕйы Пенсион фонды раз фӕдзӕхстон пенсион фиддонты фӕдыл социалон политикӕ ӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады фӕдыл парламентон комитеты рабадтыл.

Хуссар Иры синдексаци кодтой пенситӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.06.2021
Хуссар Иры синдексаци кодтой пенситӕ

Комитеты сӕргълӕууӕг Плиты Александр куыд банысан кодта, афтӕмӕй фӕстаг сессийыл парламент райста Пенсион фонды бюджет 2020 азмӕ. Уӕд фонды сӕргълӕууӕг радзырдта, Пенсион фонд кӕй нӕ райста 31 милуан сомы фӕдзӕхстон пенсион фиддонтӕ кӕй нӕ ӕрбацыдысты, уый тыххӕй. Уыимӕ иумӕ, Плиты Александр фехъусын кодта, 2020 аз кӕй уыд зын республикӕйы куыстуӕтттӕн коронавирусы пандемийы фӕдыл арӕнӕвӕрдты тыххӕй.

Паддзахадон унитарон куыстуӕтты разамонджытӕ радзырдтой депутаттӕн, цӕмӕ сын ис ахӕм хӕстӕ ӕмӕ сӕ куыд фиддзысты. "Энергоресурс"-ы гендиректоры хӕдивӕг Гӕбӕраты Анатолий банысан кодта, 2020 азы куыстуатӕн хӕстӕ нӕй.

"Абоны боны онг нын цы хӕс ис, уый у ӕрмӕстдӕр ӕртӕ мӕйӕн, ӕмӕ йӕ мах цъусгай фидӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ бахъыгдардта пандеми", - загъта уый.

Хуссар Ирыстоны дзулфыцӕн комбинаты директор Цхуырбаты Вадим бахахх кодта, куыстуатмӕ субсудиты руаджы цы 29 милуан сомы ӕмбӕлы, уыдонӕй райстой ӕрмӕстдӕр цыппар милуан сомы.

"Куыстуат субсидиты руаджы сӕхгӕдта финанскӕнынады 17,7 проценты. Уый у нӕ хӕсы сӕйраг аххосаг. Продуктты ӕргътӕ ӕрвылбон фылдӕр кӕнынц, кӕцыдӕртӕ схызтысты 100 проценты бӕрц. Мах та дзулы аргъ нӕ ивӕм", - загъта уый.

Аннӕ Паддзахадон унитарон куыстуӕтты проблемӕтӕ разындысты аналогион: пандеми, зӕронд хӕстӕ ӕмӕ сын хицауадӕй ӕххуыс кӕй нӕй, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0