Ӕввахс у бӕллицмӕ: гимнасткӕ Кокойты Диана радта фӕлварӕнтӕ Лесгафты номыл университетмӕ

© Sputnik / Наталья АйриянКокойты Диана
Кокойты Диана - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстон спортивон здӕхтыл лимиттӕ нӕ райста, уый фӕдыл курдиатджын спортсменкӕ йӕхи тыхтӕй радта фӕлварӕнтӕ

ЦХИНВАЛ, 29 июл – Sputnik, Козаты Диана. Хуссарирыстойнаг гимнасткӕ, УФ спорты мастермӕ кандидат Кокойты Диана ӕввахс у йӕ бӕллиц сӕххӕст кӕнынмӕ. Уый ӕнтыстджынӕй радта фӕлварӕнтӕ Лесгафты номыл Националон паддзахадон университетмӕ, фехъусын кодта йӕ тренер, сфӕлдыстадон ӕмӕ эстетикон гимнастикӕйы федерацийы президент Цхуырбаты Зема.

© Sputnik / Natalia Airiyan Кокойты Диана
Ӕввахс у бӕллицмӕ: гимнасткӕ Кокойты Диана радта фӕлварӕнтӕ Лесгафты номыл университетмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Кокойты Диана

Кокойты Диана ацы аз каст фӕцис скъола. Уымӕн йӕ бӕллиц у райсын уӕлдӕр ахуырад Лесгафты номыл университеты, фӕлӕ республикӕ спортивон здӕхтыл лимиттӕ нӕ райста. Чызг аскъуыддзаг кодта йӕхи тыхтӕй раттын фӕлварӕнтӕ.

"Уый йӕхӕдӕг радта фӕлварӕнтӕ иууылдӕр. Ӕз дзы тынг сӕрыстыр дӕн. Диана райста 243 баллы, бацӕуынӕн та хъӕуы 193", - радзырдта Цхуырбаты Зема.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Кокойты Диана ӕнтыстджынӕй радта фӕлварӕнтӕ иууылдӕр, йӕ специализацийӕ та райста 98 баллы 100-йӕ.

"Дианайӕн ис иттӕг хорз фӕстиуджытӕ. Мах хъӕуы бӕрзонд квалификациимӕ кадртӕ. Махмӕ ис физкультурӕйы факультет, фӕлӕ дзы уым нӕй гимнастикӕйы кафедрӕ. Ӕмӕ гимнастикӕ та махмӕ размӕ цӕуы, уый фӕдыл нӕ хъӕуы хорз кадртӕ", - банысан кодта Цхуырбаты Зема.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, развӕлгъау хатдзӕгтӕ бӕрӕг уыдзысты 2 августы.

Амӕйразмӕ республикӕйы ахуырады министрад арвыста Лесгафты номыл университеты ректормӕ куырдиат, цӕмӕй иу бюджетон бынат радтой Кокойты Дианайӕн. Фӕлӕ, Цхуырбаты Земайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы куырдиатӕн дзуапп нырма дӕр нӕ райстой.

Ног хабӕртты лентӕ
0