Хуссар Иры трассӕтыл сӕвӕрдтой дезгӕрӕнтӕ хуыты африкӕйаг емынӕйы тыххӕй

© YouTube / ГТРК "Ир"Хуссар Иры трассӕтыл сӕвӕрдтой дезгӕрӕнтӕ хуыты африкӕйаг емынӕйы тыххӕй
Хуссар Иры трассӕтыл сӕвӕрдтой дезгӕрӕнтӕ хуыты африкӕйаг емынӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Рафыссын
Республикӕйы хуыты афтикӕйаг емынӕ кӕй фӕзынд, уый тыххӕй ветеринарон службӕтӕ сӕвӕрдтой дезинфекцион гӕрӕнтӕ, цӕрӕгойтӕ кӕм фӕрынчын сты, уыцы хъӕуты рахизӕнты

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны ветеринарон службӕты кусджытӕ Цхинвалы районы администраци ӕмӕ "Югоссельхознадзор"-имӕ иумӕ сӕвӕрдтой дезинфекцион гӕрӕнтӕ республикӕйы цалдӕр трассӕйыл. Дезинфекцион гӕрӕнтӕ сӕвӕрдтой, цӕрӕгойтӕ кӕм фӕрынчын сты, уыцы хъӕуты рахизӕнты, фехъусын кодта Sputnik Хъӕууонхъӕдзарадон министрады ветеринарийы хайады хистӕр Тедеты Ацӕмӕз. 

Хуссар Иры Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой хуыты африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.07.2021
Хуссар Иры Цхинвалы районы сбӕрӕг кодтой хуыты африкӕйаг емынӕ

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хуыты африкӕйаг емынӕйы цаутӕ регистрацигонд ӕрцыдысты ныридӕгӕн дыууӕ районы - Цхинвалы ӕмӕ Ленингоры.

Раздӕр министр Мӕргъиты Алан фехъусын кодта, ацы районтӕй тобӕгонд кӕй у хъӕууонхӕдзарадон продукцийы ӕрбаласт.

Уымӕй дарддӕр ма низ кӕм апарахат ис, уыцы хъӕуты цӕрджытӕн нӕй бар хуытӕ дарыны бар ӕртӕ азы дӕргъы.

"Дезинфекцион гӕрӕнтӕ хӕдтулгӕты цӕлхытӕ сыгъддӕг кӕныны нысанӕн ӕвӕрд ӕрцыдысты трассӕтӕ Цхинвал-Къохат, Цхинвал – Дменис ӕмӕ Дменис-Ленингорыл. Гӕрӕн ахъаз у, цӕмӕй инфекци ӕндӕр хъӕутӕм ма ахиза", - загъта Тедеты Ацӕмӕз.

Уый бафтыдта, зӕгъгӕ, Ленингоры дӕр кӕй фӕзынд хуыты низ, уый тыххӕй абон уыцы районы дӕр сӕвӕрдзысты дезинфекцион гӕрӕнтӕ. Уымӕй дарддӕр ма иу дезбарьер та профилактикӕйӕн сӕвӕрдзысты Цхинвал-Дзау трассӕйыл.

Уымӕй дарддӕр ма "Югоссельхознадзор" фӕтыхджындӕр кодта хъусдард бынӕттон базӕртты дӕр. Уагдоны сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Маирбӕг ӕрсидт фӕлхасгӕнджытӕм, цӕмӕй фылызгъӕл ӕмӕ урсаджы продукци ӕлхӕнгӕйӕ ӕрдомой уӕйгӕнджытӕй ӕмбӕлон ветеринарон документтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0