Хуссар Иры Ленингоры районы тох кӕнынц хуыты африкӕйаг емынӕимӕ

© Sputnik / Евгений Епанчинцев /  Ахизын медиабанкмæхуыты африкӕйаг емынӕ
хуыты африкӕйаг емынӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.07.2021
Рафыссын
Цӕмӕй хуыты африкӕйаг емынӕ дарддӕр мауал парахат кӕна, уый тыххӕй ветеринартӕ хъӕуты бахизӕнты ӕвӕрынц дезинфекцион гӕрӕнтӕ. Профилактикон нысанӕн хъӕууонхӕдзарадон министрад тобӕ сӕвӕрдта Ленингорӕй фыдызгъӕл ӕмӕ урсаджы продукцийы ӕрбаластыл

ЦХИНВАЛ, 30 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Хуссар Ирыстоны Ленингоры районы хуыты африкӕйаг емынӕйы апарахаты фӕстиуӕгӕн ныридӕгӕн амардысты 29 хуыйы, фехъусын кодта Sputnik районон администрацийы пресс-секретарь Кокойты Анжела.

Тӕссаг вирус рабӕрӕг ис поселок Ленингор ӕмӕ хъӕу Раздӕхӕны фермерты хисӕрмагонд хӕдзарадты.

"Лабораторон иртӕстытӕ цыдысты Уӕрӕсейы. Инфекцийы артдзӕст кӕм рабӕрӕг ис, уым уагъд цӕуы низы дарддӕры апарахат ма руадзыны фӕдыл мадзӕлтты комплекс. Районы администраци самал кодта ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг ӕрмӕджытӕ дӕр дезинфекцион гӕрӕнтӕ сӕвӕрынӕн поселок ӕмӕ Захъхъоры", - загъта пресс-секретарь.

Ленингоры районы сӕйраг ветеринарон дохтыр Тыджыты Алексей куыд бахахх кодта, афтӕмӕй дезинфекци кӕнынц фермерты хисӕрмагонд хӕдзарадтӕ дӕр.

Хуссар Иры трассӕтыл сӕвӕрдтой дезгӕрӕнтӕ хуыты африкӕйаг емынӕйы тыххӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Хуссар Иры трассӕтыл сӕвӕрдтой дезгӕрӕнтӕ хуыты африкӕйаг емынӕйы тыххӕй

"Низы апарахат ӕруромыны нысанӕн цӕрджытӕн рекомендаци кӕнӕм, цӕмӕй сӕ фос ӕддӕмӕ ма уадзой, дарой сӕ изоляцигонд бынӕтты ӕмӕ фӕрынчын цауты тыххӕй та ӕнӕмӕнг хъусын кӕной ветеринарон службӕтӕм", - загъта Тыджыты Алексей.

Уагдоны бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, хуыты африкӕйаг емынӕйы цаутӕ регистрацигонд ӕрцыдысты ныридӕгӕн дыууӕ районы - Цхинвалы ӕмӕ Ленингоры.

Раздӕр министр Мӕргъиты Алан фехъусын кодта, ацы районтӕй тобӕгонд кӕй у хъӕууонхӕдзарадон продукцийы ӕрбаласт.

Уымӕй дарддӕр ма низ кӕм апарахат ис, уыцы хъӕуты цӕрджытӕн нӕй бар хуытӕ дарыны бар ӕртӕ азы дӕргъы.

Ног хабӕртты лентӕ
0