Хуссар Иры сбӕрӕг кодтой 37 ног рынчыны коронавирусӕй

© Sputnik / Алексей Майшев /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Рафыссын
Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй сбӕрӕг кодтой 4438 фӕрынчынуӕвӕджы, медицинон хыгъдӕй систой 3769 адӕймаджы

ЦХИНВАЛ, 9 авг— Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 37 адӕймагӕн, кӕцытӕ тесттӕ радтой ивгъуыд майрӕмбоны, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Цӕгат Иры ноджы фондз адӕймаджы амардысты коронавирусӕй

"Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы сарӕзтой 328 тесты, уыдонӕй 37 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 13 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 669 цӕрӕджы", - загъта Коцты Марина.

Санитарон дохтыр банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты дыццӕджы райсом.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 29 856 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4438. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3769 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0