ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл

© Пресс-служба АГУХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл
ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2021
Рафыссын
Цхинвалы делегаци уыд университеты цалдӕр локацийы, сӕ нымӕцы физико-математикон институты ӕмӕ мультимедиаконтент саразыны фӕдыл коллективон пайдакӕнынады центры

ЦХИНВАЛ, 10 авг – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Астраханы паддзахадон университетмӕ ӕрцыд Хуссар Ирыстоны университеты делегаци ректор Тедеты Вадимы сӕргълӕудӕй, хъусын кӕны Астраханы университеты пресс-службӕ.

ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.04.2021
ХИПУ ӕмӕ ЦКФУ бафыстой Цхинвалы ӕмгуыстады фӕдыл бадзырд

Уазджытыл фембӕлд райдыдта экскурсийӕ ӕмӕ адарддӕр ис рабадтӕй Астраханы паддзахадон университеты къухдариуӕгадимӕ.

"Университеты уазджытӕн фенын кодтой ахуырдзауты бакуысттӕ робототехникӕйы фадыджы. Уыдонӕн равдыстой мобилон роботтӕ, доны бын ӕмӕ тӕхӕг аппараттӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ.

Хуссар Ирыстоны минӕвӕрттӕ ма базыдтой адӕймаджы биомеханикӕйы иртӕстыты фадӕтты тыххӕй, афтӕ ма спортсменты цӕттӕкӕнынады фӕдыл егъау нывӕзты саразыны тыххӕй.

© Пресс-служба АГУХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл
ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2021
ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл

"Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты минӕвӕрттӕ базонгӕ сты нырыккон ифтонггарзимӕ. Экскурсийы кӕрон хуссарирыстойнаг делегаци фембӕлд Астраханы паддзахадон университеты къухдариуӕгадимӕ. Фембӕлды рӕстӕджы ӕрныхас кодтой дыууӕ ахуырадон уагдоны ӕмархайдыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.

© Пресс-служба АГУХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл
ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 11.08.2021
ХИПУ ӕмӕ Астраханы университеты ректортӕ ӕрдзырдтой зонадон-техникон ӕмгуыстадыл

Астраханы университеты ректор равдыста цӕттӕдзинад дыууӕ ахуыргӕнӕндоны ӕмгуыстады.

"Мах фӕнды, цӕмӕй университетты кусджытӕ хайад исой квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕныны программӕты ӕмӕ студенттӕ та райтынг кӕной академион мобилондзинад. Ахсджиаг у зонадон-техникон ӕмархайд дӕр, сӕйраджыдӕр, иумӕйаг зонадон конференцитӕ, тымбыл фынгтӕ ӕмӕ мастер-класттӕ уадзын, - хъусын кӕны пресс-службӕ ректор Константин Маргеловы ныхӕстӕ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ректор бузныг загъта Астраханы паддзахадон университеты къухдариуӕгадӕн цымыдисон экскурсийы тыххӕй ӕмӕ банысан кодта Астраханы университеты бӕрзонд зонадон ӕмӕ ахуырадон потенциал.

Ног хабӕртты лентӕ
0